Абайты Васойы бакастытæ: ХИПУ делегаци архайы зонадон конференцийы Дзæуджыхъæуы

© Sputnik / Уалыты Мадинæйы архивæй къамАбайты Васойы номыл фæндзæм бакастытæ
Абайты Васойы номыл фæндзæм бакастытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ХИПУ–йы делегацийы уæнгтæ сарæзтой æртæ доклады зонадон конференцийы фæлгæтты

ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Тыбылты Александры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты делегаци хайад исы Дзæуджыхъæуы зонадон конференцийы — Абайты Васойы номыл фæндзæм бакастыты, фехъусын кодта Sputnik делегацийы уæнг, ирон æвзагзонынады кафедрæйы ахуыргæнæг Уалыты Мæдинæ.

Абайты Васойы номыл фæндзæм бакастытæ баст сты Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты 90 азы юбилейимæ.

"Мадзалы ХИПУ-йы ректоры номæй арфæйы ныхæстæ загъта филологон зонæдты кандидат, доцент Дзиццойты Юрий, уый ма конференцийы пленарон рабадты сарæзта доклад "Понятие "перекрестной изоглоссы" в трудах В.И.Абаева". Раныхас ма бацæттæ кодта ирон æвзаг æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæйы уæнг Тыбылты Инга "Тыбылты Алыксандр æмæ ирон орфографийы фарстыты" темæйыл. Стæй ма конференцийы куысты хайад райстой университеты лектортæ Биазырты Алла æмæ Пæррæстаты Манана дæр", – радзырдта Уалыты Мæдинæ.

Зонадон конференцийы Хуссар Ирæй æртыккаг доклад сарæзта Уалыты Мæдинæ йæхæдæг, уымæн йæ куыст арæзт уыд "Особенности осетинской орфографии в социальных сетях"-ы темæйы фæдыл.

Традицимæ гæсгæ, конференцийы архайджыты зонадон куыстытæ ныммыхуыр кæндзысты иу æмбырдгонды.

Конференцийы архайынц Хуссар Ирыстон, Кæсæг-Балхъар, Абхаз æмæ Таджикистаны ахуыргæндтæ, студенттæ æмæ аспиранттæ. Ныхас кæнынц ирон æмæ уырыссаг литературон æвзæгтæ бахъахъхъæныныл. Ацы аз конференцийы архайджыты нымæц фæфылдæр дыууæ хатты.

Ног хабӕртты лентӕ
0