Хуссар Ир аззад æнæ газæй хæтæлты цалцæджы тыххæй

© Sputnik / Тарас Литвиненко /  Ахизын медиабанкмæГазопровод
Газопровод - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы æрдзон газы ифтонгад хицæн æрцыд профилактикон куыстыты аххосæй

ЦХИНВАЛ, 14 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны газифтонгад рæстæгмæ хицæн уыдзæн къуырисæры, 14 майы, радзырдта Sputnik Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы структурон дæлхайады хистæр Табуты Нугзар.

"Ӕрдзон газ республикæйы ахицæн кодтой къуырисæры райсом 9.00 сахатæй æмæ нæ уыдзæн фæссихортæм — 15.00 сахатмæ. Ахицæн баст у "Газпром Трансгаз"-ы профилактикон куыстытимæ хæтæлыл", — бамбарын кодта уавæр Табуты Нугзар.

Нысан æрцыд, æппæт куыстыты фæуды фæстæ газифтонгад республикæйы кæй скусдзæн хуымæтæг режимы.

Ног хабӕртты лентӕ
0