ЦХИНВАЛ, 17 мая — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ӕлборты Феликсы номыл музыкалон ахуыргæнæндоны ацыд ирон зарæджы æппæтреспубликон фестиваль. Музыкалон мадзал цыд æнæарæнæвæрдæй – архайдтой дзы куыд чысыл сабитæ, афтæ фæлтæрд зæрæггæнджытæ, хортæ æмæ сфæлдыстадон коллективтæ.
Фыццаг сценæмæ рахизыны бар радтой Дзауы районæн, дæсгай хицæн зæрæггæнджытæ, коллективтæ æмæ хортæ æххæст кодтой ирон фысджыты æмдзæвгæтæ, адæмон зарджытæ, зындгонд композицитæ. Уый фæстæ сæ арæхстдзинад равдыстой Знауыры æмæ аннæ районтæ. Ирон зарæджы бæрæгбон балхынцъ кодтой столицæйæ стъалытæ.
Музыкалон ахуыргæнæндоны зал кæсджытæй уыд йемыдзаг. Мадзал бабæрæг кодта паддзахады сæргълæууæг дæр, уый раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн ирон æвзаджы боны цытæн.
"Мах мадæлон æвзагыл куыннæ дзурæм, нæ сывæллæттæ иронау куыннæ ныхас кæной, уæд мах ирæттæ не ʻстæм. Ууыл дызæрдыг ничи кæны. Бæстæйы рæсугъддзинад дæр бæлвырд кæны йæ адæмы æвзагæй, кафтæй æмæ зардæй. Хуыцау зæгъæд æмæ алкæцы комæй дæр хъуыса ирон кæстæрты зард ", — загъта президент Бибылты Анатолий.
Ирон музыкæйы бæрæгбон ахаста æртæ сахатæй фылдæр, æппæт архайджытæ дæр хорзæхджын æрцыдысты хайадисæджы дипломтæй.
Ирон æвзаджы бон æрвылаз, 2003 азæй фæстæмæ нысан цæуы 15 майы. Ацы бон фыццаг хатт мыхуыр ʻрцыд Хетæгкаты Къостайы "Ирон фæндыр".