"Ӕфсæддон" дуне: ирон богалтæ æрхастой Уæрæсейæн ноджы дыууæ сыгъзæрин

© Sputnik / InstagramИрон богалтæ
Ирон богалтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рæмонаты Сослан æмæ Сидахъты Зауыры æнтыст цыппæрæмы сфæлхатт кодтой Цæболты Хетæг æмæ Байцаты Владислав

ЦХИНВАЛ, 18 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ирон богалтæ цыппарæй бацахстой фыццаг бынæттæ уæгъдибар хъæбысхæстæй æфсæддонты ʻхсæн дунейы чемпионаты. Æмткæй та бæстæйы æмбырдгонд ссис фыццаг иумæйаг хыгъдмæ гæсгæ — Уæрæсейы æмбырдгонд рамбылдта авд сыгъзæрины дæсæй, хъусын кæны WRESTRUS.RU.

Рæмонаты Сослан æмæ Сидахъты Зауыры æнтыст цыппæрæмы сфæлхатт кодтой Цæболты Хетæг æмæ Байцаты Владислав. Уæрæсейы æрыгæтты æмбырдгонды сæйраг тренер Мæргъиты Анатолий райгондæй баззад йæ хъомылгæнинæгты тохтæй.

Рӕмонаты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рӕмонаты Сослан рамбылдта ӕфсӕддонты ӕхсӕн дунейон чемпионат

"Иууыл къаддæр хъавыдыстæм рамбулын 6 сыгъзæрин майданы. Хатдзæгтæй стæм райгонд. Тускъаты Азæмæт, хъыгагæн, нæ райхæлд æмæ ссис æртыккаг. Зæрдæмæдзæугæ уыдысты Начын Куулары тохтæ, Цæболты Хетæг хуыздæр архайдта Европæйы чемпионатмæ абаргæйæ. Байцаты Владислав къуыри раздæр рамбылдта Европæйы чемпионат, уый ам стох кодта æндæр уæзы категорийы æмæ йæ бахъуыд 6-7 кг аппарын, фæлæ уæддæр рамбылдта "æфсæддон дуне", — мыхуыр кæны WRESTRUS.RU тренеры ныхæстæ.

Иумæйагæй систæй Уæрæсейы æмбырдгон райста 10 майданы, уыдонæй авд иууыл бæрзонд къæпхæны, иу æвзист æмæ дыууæ бронзæйы. Æртыккаг бынæтты дыууæ уæзы категорийы дæр ис ирон богалтæ — иууыл рогдæр уæзы Тускъаты Азæмæт æмæ иууыл стырдæр уæзы та Хугаты Алан.

Ног хабӕртты лентӕ
0