Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта ЦИПУ-йы ирон ӕвзагзонджыты

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий схорзӕхджын кодта ЦИПУ-йы ирон ӕвзагзонджыты
Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта ЦИПУ-йы ирон ӕвзагзонджыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент ӕрбацыд бӕрӕгбонон мадзалмӕ, кӕцы уыд нывонд ЦИПУ ирон филологийы факультетыл 95 азы сӕххӕстӕн

ЦХИНВАЛ, 18 май — Sputnik. Хуссарирыстойнаг республикӕйы сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий радта паддзахадон хорзӕхтӕ Хетӕгкаты Къостыйы номыл Цӕгат Ирыстоны Паддзахадон Университеты (ЦИПУ) ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджытӕн, хъусын кӕны президенты пресс-службӕ.

Бӕрӕгбонон мадзал уагъд ӕрцыд Дзӕуджыхъӕуы ЦИПУ-йы агъуысты.

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий схорзӕхджын кодта ЦИПУ-йы ирон ӕвзагзонджыты
Президент Анатолий Бибилов наградил преподавателей факультета осетинской филологии СОГУ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта ЦИПУ-йы ирон ӕвзагзонджыты

Бибылты Анатолий йӕ раныхас бацӕттӕ кодта ирон ӕвзагыл ӕмӕ банысан кодта, факультетыл 95 азы сӕххӕст кӕй у тынг ахсджиаг хъуыддаг.

"Махӕн нӕ бон нӕ уыд ма ӕрцӕуын ӕмӕ уын ма раарфӕ кӕнын ацы нысаниуӕгджын бӕрӕгбоны цытӕн. Мах куы нӕ цыт кӕнӕм нӕ мадӕлон ӕвзагӕн ӕмӕ йӕ нӕ сывӕллӕттӕн куы нӕ бауарзын кӕнӕм, уӕд нын сомбон нӕй. Не 'взаг махӕн у нӕ хӕзна", — загъта президент.

Афтӕ ма президент сӕвӕрдта егъау бӕрн ирон ӕвзаджы райрӕзты фӕдыл къамисыл, кӕцыйы сконды сты Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны ахуыргӕндтӕ.

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий схорзӕхджын кодта ЦИПУ-йы ирон ӕвзагзонджыты
Президент Анатолий Бибилов наградил преподавателей факультета осетинской филологии СОГУ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта ЦИПУ-йы ирон ӕвзагзонджыты

Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг ма бахахх кодта, мадӕлон ӕвзаджы ахуыры стыр бынат кӕй ахсы бинонтӕ, цы ран хъомыл кӕны сывӕллон.

"Хистӕртӕ алыхатт дӕр аххосджын кӕнынц скъола ӕмӕ ахуыргӕнджыты, сӕ сывӕллӕттӕ ирон ӕвзаг кӕй нӕ зонынц, уый тыххӕй. Фӕлӕ, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ирон ӕвзаг, сӕйраджыдӕр, хъуамӕ ахуыр кӕной хӕдзары", — банысан кодта Бибылты Анатолий.

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий схорзӕхджын кодта ЦИПУ-йы ирон ӕвзагзонджыты
Президент Анатолий Бибилов наградил преподавателей факультета осетинской филологии СОГУ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта ЦИПУ-йы ирон ӕвзагзонджыты

Президент схорзӕхджын кодта ирон филологийы факультет ӕнӕхъӕнӕй цытджын грамотӕйӕ "Стыр хайбавӕрды тыххӕй ирон ӕвзаджы райрӕзтмӕ, квалифицирон кусджыты цӕттӕкӕнынадмӕ ӕмӕ 95 азы сӕххӕсты фӕдыл".

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий схорзӕхджын кодта ЦИПУ-йы ирон ӕвзагзонджыты
Президент Анатолий Бибилов наградил преподавателей факультета осетинской филологии СОГУ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта ЦИПУ-йы ирон ӕвзагзонджыты
Ног хабӕртты лентӕ
0