Цхинвайлаг штангист Икъаты Сæрмæт сæвæрдта дунейон рекорд

© Sputnik / Наталья АйриянУæззау атлетикæ
Уæззау атлетикæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон атлет басаста юниорты ʻхсæн дунейы рекорд æмткæй 740 килограммы уæз сисгæйæ

ЦХИНВАЛ, 21 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны уæззау атлетикæйы скъолайы хъомылгæнинаг Икъаты Сæрмæт ссис Уæрæсейы чемпион Краснодары уагъд цæуæг ерысты. Уæлахиздзауæй дарддæр ма цхинвайлаг уæзисæг ссис дунейы рекордсмен дæр, æртæ хуызы ерысты систа рекордон уæз — 740 килограммы, фехъусын кодта Sputnik штангисты тренер Плиты Артур.

Цхинвайлаг штангист Икъаты Сæрмæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг штангист Икъаты Сæрмæт стох кæндзæн Уæрæсейы чемпионаты

"Дæргъвæтин рæстæджы ацы хатдзæгмæ нæхи цæттæ кодтам. Юниорты ʻхсæн уый у йæ фыццаг ахадгæ æнтыст Сæрмæтæн. Фæстæмæ фæцæуæм Ирыстонмæ æмæ та нæ разы сæвæрдзыстæм ног нысæнттæ. Сæрмæтæн йæ аннæ рекорд дæр нырма у æнæсаст", — загъта Плиты Артур.

Икъаты Сæрмæт 18 азæй фæстӕмæ рамбылдта 40 фыццаг бынаты хицæн æмвæзады ерысты. Цхинвалы спортсмены цæттæ кæнынц уæззау атлетикæйы скъолайы тренертæ Плиты Артур æмæ Габаты Ацæмæз. Скъолайæн разамынад дæтты Советон Гуырдзыстоны бирæ хатты чемпион, æхсæнадæмон классы спорты мастер уæззау атлетикæйæ Тасойты Олег.

Ерыстæ ацыдысты Краснодары 19-20 майы.

Ног хабӕртты лентӕ
0