ЦХИНВАЛ, 23 май — Sputnik. Ӕрдӕгхъахъхъӕнӕг Зӕгъойты Алан ӕмӕ размӕбырсӕг Артем Дзюба ӕрбаздӕхтысты Уӕрӕсейы националон командӕйы иумӕйаг къордмӕ, хъусын кӕны РИА-Новости.
Ацы хъусинаг ныммыхуыр кодтой Уӕрӕсейы командӕйы официалон фарсыл социалон хыз Twitter-ы.
Полузащитник Алан Дзагоев сегодня также будет тренироваться в общей группе! pic.twitter.com/1TggQVHlNs
— Сборная России (@TeamRussia) 22 мая 2018 г.
Амӕй размӕ, националон командӕйы дохтыр Эдуард Безугловы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Зӕгъойты Алан ӕмӕ Артем Дзюба ӕрурӕдтой сӕ тренировкӕтӕ, травмӕтӕ кӕй райстой, уый тыххӕй.
Националон командӕ уадзы рӕвдзытӕ Австриаг горӕт Нойштифт-им-Штубайталы.