ЦХИНВАЛ, 31 май — Sputnik. Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ ӕрцахстой Цхинвалы цӕрӕджы, кӕцымӕ зӕрдӕ 'хсайдта хӕзнатӕ адавыны ӕмӕ ӕндӕр ахӕм фыдракӕндты, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.
Горӕты 30-аздзыд цӕрӕджы ӕрцахстой ивгъуыд къуыри, уый аххосджын кодтой 62-аздзыд ӕмбӕстаджы хӕдзарӕй сыгъзӕринтӕ адавыны хъуыддаджы. Хӕзнатӕ байстой ӕрцыдысты фӕстӕмӕ.
"Оперативон-фӕдагурӕн мадзӕлтты рӕстӕджы криминалон милицийы кусджытӕ МХМ фӕдагуырды управлениимӕ сбӕрӕг кодтой фыдгӕнӕджы хайад ӕндӕр ахӕм фыдракӕндты", — загътой МХМ.
Уагдоны банысан кодтой, фыдгӕнӕг кӕй басастис 8 майы Цхинвалы Джиоты Аланы проспектыл хӕдзарӕй ӕхцатӕ ӕмӕ хӕзнатӕ адавыныл дӕр.
![Житель Цхинвала задержан по подозрению в совершении кражи золотых изделий Житель Цхинвала задержан по подозрению в совершении кражи золотых изделий - Sputnik Хуссар Ирыстон](https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/649/68/6496820_0:0:1005:628_600x0_80_0_0_da78305e8247a274ed5841502c85396c.jpg)
Оперативон кусджытӕ уадзынц мадзӕлттӕ, цӕмӕй ссарой давд хцатӕ ӕмӕ хӕзнатӕ, афтӕ ма сбӕрӕг кӕной фыдгӕнӕджы хайад ӕндӕр ахӕм фыдракӕндты Хуссар Ирыстоны территорийыл.
МХМ фӕдагуырды управлени бакодта уголовон хъуыдтаг статья "Давд"-ы фӕдыл.