Цхинвалы цӕрӕджы фӕивар кодтой гӕн дымыны тыххӕй

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæГӕн
Гӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гӕн дымыны тыххӕй фӕткхалӕг бафиддзӕн аст мин сомы

ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik. Цхинвалы цӕрӕг бахауд административон бӕрны бын гӕн дымыны тыххӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ.

Хуссар Ирыстоны столицӕйы 32-аздзыд цӕрӕджы наркологон диспансермӕ бакодтой ӕртыццӕджы, 30 майы.

"Знауыры районы Мидхъуыддӕгты управленийы кусджытӕ Лисайы хъӕуӕй наркологон диспансермӕ ӕркодтой Цхинвалы 32-аздзыд цӕрӕджы. Медицинон басгӕрст сбӕрӕг кодта, ӕвзонг нӕлгоймаг кӕй дымдта наркологон буарад "гӕн", — радзырдтой МХМ.

Знауыры районы тӕрхондон уынаффӕ рахаста фӕткхалӕджы фӕивар кӕнын аст мин сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0