ЦХИНВАЛ, 4 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Гъуертеуы хъӕуы ӕбӕрӕг фыдгӕнӕг бахызт фермерон хӕдзарады территоримӕ 1 июны ӕхсӕвы ӕмӕ ауагъта кӕсӕгты цӕугӕдонмӕ, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ. Ахӕм куырдиатимӕ барадхъахъхъӕнджытӕм бацыд хӕдзарады хицау.
"Ӕбӕрӕг гоймаг бахызт ӕфсӕйнаг ӕмбонды сӕрты варелгӕсаг дарӕн хӕдзарады территоримӕ, кӕцы ис Знауыры районы Гъуертеуы хъӕуы, скуынӕг кодта хъулон кӕсаджы иу хай, иннӕ хай та ауагъта цӕугӕдонмӕ", — хъусын кӕны уагдон.
Цауы бынатмӕ ацыдис Знауыры районы Мидхъуыддӕгты управленийы оперативон къорд ӕмӕ РХИ МХМ оперативон-фӕдагуырды къорд. Кӕсӕгты хицау фехъусын кодта фӕдагурджытӕм, иумӕйаг зианы аргъ кӕй у 150 мин сомы.
Басгӕрст уадзы Знауыры районы Мидхъуыддӕгты управлени.