Армхæцæг Гасситы Сослан европæйаг ерысты рамбылдта дыккаг майдан

© Sputnik / Гасситы Сосланы архивæй къамÆрмхæцæг Гасситы Сослан европæйаг ерысты
Æрмхæцæг Гасситы Сослан европæйаг ерысты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Софияйы уагъдцæуæг Европæйы фыццагад æмæ чемпионаты цхинвайлаг спортсмен йæхи бафæлвæрдта хистæр кары спортсменты ʻхсæн дæр æмæ йæ фæсивæдон сыгъзæринмæ æрбафтыд хистæр кары бронзæ майдан

ЦХИНВАЛ, 4 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвайлаг армхæцæг Гасситы Сослан рамбылдта Европæйы чемпионаты бронзæйон майдан 90 кг уæзы категорийы рахиз къухæй хистæр спортсменты ʻхсæн, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Джиоты Валерий.

Гасситы Сослан у фæсивæды ʻхсæн дунейы фондз хатты, Уæрæсе æмæ Европæйы æхсæз хатты чемпион. Европæйаг ерысты уый æмрæстæджы архайдта фæсивæды ʻхсæн дæр æмæ хистæр кары дæр. Фæсивæды 'хсæн рамбылдта йæ радон фыццаг бынат, хистæр кары спортсменты ʻхсæн та ссис æртыккаг.

Дунейы æмæ европæйаг ерысты уæлахиздзау армспортæй Гасситы Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг æрмхæцджытæ рамбылдтой цыппар майданы европæйаг ерысты Болгарийы

"Сосланæн фæсивæды ʻхсæн йæ уæзы категорийы æмсæр ныхмæлæууæг нæй дунейы, ацы кары ма йын ис æмбулинаг фæззæджы дунейы чемпионат æмæ уый фæстæ æлхынцъ кæны фæсивæдон карьерæ. Хистæр кары дæр нæ хъавд уыд фыццаг бынатмæ, фæлæ уал нырма æртыккагыл дæр хъæцæм. Фæхæрд ис болгариаг дунейы дыууæ хатты чемпионæн. Фæсивæды 'хсæн Сосланæн йе 'нтыстытæ сты уникалон, ахæм хатдзæгтæм тырндзыстæм хистæрты ʻхсæн дæр. Сæрыстыр дæн, йе 'нтыстытæм мæ хайбавæрд дæр кæй ис", — радзырдта йæ тренер.

Джиоты Валерий ма банысан кодта, йæ хъомылгæнинæгтæ та радон хатт сæхи кæй сфæлвардзысты ацы мæйы кæрон гуырахстджын турниры Дзæуджыхъæуы.

"29 июны Дзæуджыхъæуы цæудзæн Еналдыты Асланбегы номарæн II Ӕппæтуæрæсейон турнир армрестлингæй. Ам сæ тыхтæ сфæлвардзысты нæ хъомылгæнинæгтæ Гасситы Сослан, Дыгъуызты Милена æмæ Хæбæлаты Арсен, турнирмæ акæндзыстæм стыр командæ", — балхынцъ кодта уый.

2018 азы Европæйы фыццагад æмæ чемпионаты Болгарийы фыццаг командон бынат бацахста Уæрæсейы æмбырдгонд 34 майданимæ, уыдонæй 18 сты уæлдæр аргъы, 10 æвзист æмæ 6 бронзæйон. Уæрæсейы æнтысты ахадгæ сты ирыстойнаг æрмхæцджыты уæлахизтæ. Цхинвайлæгтæ рамбылдтой фондз майданы. Ерысты расгуыхтысты Гасситы Сослан, Дыгъуызты Милена æмæ Хæбæлаты æфсымæртæ Арсен æмæ Эдуард.

Ног хабӕртты лентӕ
0