"Iron Legion": Цхинвалы профессионалон боксы изæр ахицæн ирæтты триумфæй

© Sputnik / Наталья АйриянМеждународный турнир по боксу среди профессионалов
Международный турнир по боксу среди профессионалов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæлахиздзаутæ ссисты Тедеты Сослан, Чилæхсаты Таир, Тадтаты Сæрмæт æмæ Хуыгаты Алан, Къæбысты Асланы тох та ахицæн æмдыхæй

ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы профессионалон боксы æхсæнадæмон турнир балхынцъ ис ирон боксерты триумфæй. Фондз "Iron legion"-агæй иуы тох ахицæн ис æмдыхæй, аннæтæ ныддæрæн кодтой сæ ныхмæлæуджыты — дыууæйæ рамбылдтой техникон нокауттæй.

Спорты галуан "Олимп"-ы адæмæй къух бавæрæн дæр нал уыд. Кæсджыты ʻхсæн уыдысты Ирыстоны зындгонд спортсментæ, тренертæ, хицауады уæнгтæ æмæ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий, кæцыйы хъæппæрисæй æрцыд Хуссар Ирыстонмæ стыр профессионалон боксы бæрæгбон. Организатортæ рагацау бацæттæ кодтой сæхи мадзалмæ æмæ сæвæрдтой уæлæмхас бандæттæ, фæлæ уæддæр залы лæууæн бынæтттæ дæр уыдысты стæм.

© Sputnik / Наталья АйриянТедеты Сосланы æмæ узбекистайнаг æнæсаст 28-аздзыд Улукбек Холовы ʻхсæн тох
Международный турнир по боксу среди профессионалов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедеты Сосланы æмæ узбекистайнаг æнæсаст 28-аздзыд Улукбек Холовы ʻхсæн тох

Фылдæр адæм æрбагуылф кодтой турниры кæронмæ, уæд ацыд боксы изæры сæйраг тох фæсивæды ʻхсæн дунейы чемпион IBF-ы версимæ гæсгæ, Сланты Виталий æмæ Тедеты Аликы хъомылгæнинаг, цхинвайлаг Тедеты Сосланы æмæ узбекистайнаг æнæсаст 28-аздзыд Улукбек Холовы ʻхсæн тох. Тедеты Сосланы æрбабырстты ныхмæ уазæг боксер бафæрæзта æртæ раунды — нырмæ æнæсаст узбекистайнаг спортсмены ирон арвыста техникон нокауты, уый хыгъд Сосланы уæлахизты хæзнадон баххæст кодта 19-æй.

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы профессионалон боксы изæр
Международный турнир по боксу среди профессионалов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы профессионалон боксы изæр

Боксы изæры сæйрагдæр тохтæй ма иу уыд Челæхсаты Таиры фембæлд латвийаг Эдгарс Калнасимæ. Уый дæр Тедеты Сосланау тох кодта ирон тырысайы бын. Бынæттон лæппуйы зал райста уæлдай хъарм. Тохæй æнхъæлмæ кастысты æвзонгады рæвдздзинад æмæ фæлтæрддзинады ныхмæлæудмæ. Фæлæ фыццаг раунды 37 секундыл латвийаг æрхаудта, тох ахицæн техникон нокаутæй.

"Турнир ацыд хорз æмвæзадыл. Мæ хъомылгæнинæгтæй иууылдæр баззадтæн райгондæй", — загъта Сланты Виталий.

Æмткæй турниры ацыд 7 тохы, уыдонæй фондзы стох кодтой ирон боксертæ — клуб "Ариана"-йы минæвæрттæ.

Цæсты ма бахауд китайаг боксерты архайд, уыдон хицæн кодта фæразондзинад.

Взвешивание боксеров - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Iron Legion": Ӕхсæнадæмон турниры боксерты сбарстой Цхинвалы

Организатортæ развæлгъау куыд фехъусын кодтой, афтæмæй китайаг спортсментæ уыдысты сæ бæстæйы хæххон регионæй æмæ сын ирæттимæ иумæйагæй бирæ ис.

Ӕмдыхæй ахицæн Къæбысты Аслан æмæ китайаг Сяо Ланхайы ʻхсæн тох. Кæд ирон активонæй размæ бырста æмæ цавта ныхмæлæууæджы, уæддæр йæ оппонент дæр разынд фæразон æмæ аккаг дзуапп дæтта.

Спорты комитеты сæрдар Зассеты Сергей рахицæн кодта китайаг спортсменты архайд æмæ баныфсæвæрдта, мадзал кæй бауадздзæн ног улæфт боксы размæцыдмæ Хуссар Иры.

"Ахæм æмвæзадыл ерыстæ нæм куы ацæуы, уæд та сывæллæттæ æрбагуылф кæнынц секцитæм. Тынг хорз бокс равдыстой ирон боксертæ, уæлдайдæр та Тедеты Сослан. Фæлæ, уыимæ иумæ, дисы ʻфтыдта китайаг спортсменты архайд, кæд æмбылд кодтой, уæддæр нæ фæлладысты. Кæцыдæр рæтты сты фæзминаг", — загъта Зассеты Сергей.

Мадзал уыд хорз организацигонд — æппæт дæр цыд афоныл, æнæ къуыхцытæй. Боксерты хорзæх кæныны церемонийы архайдтой УФ уæгъдибар хъæбысхæсты сæйраг тренер Тедеты Дзамболат, Риойы уæлахиздзау Рæмонаты Сослан, æндæр зындгонд спортсментæ æмæ политиктæ. Тохты ʻхсæнты æрæмбырдуæвджыты раз азарыдысты Цæрыкъаты хотæ, уæрæх экраныл æвдыстой зындгонд ирон боксерты тохтæ. Иу уысм æдзæмæй лæугæйæ ссардтой Ирыстоны боксы ирддæр стъалытæй иу, дзæнæттаг Козаты Хетæджы рухс ном, кæцы æвзонг кармæ æнæкæсгæйæ (19 аз), уыд дыууæ роны хицау æмæ трагикон æгъдауæй фæмард йæ профессионалон карьерæйы тæмæны.

Профессионалон боксы изæры бæрæгбон ахицæн ис Ирыстон æмæ Уæрæсейы гимнтæй изæры дæс сахатмæ æввахс, фæлæ ма йæ фæуды фæстæ дæр адæм нæ тагъд кодтой спорты галуанæй цæуынмæ — æрхъула кодтой спортсментыл, бирæты фæндыд йæ къам сиссын боксы стъалытимæ.

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы профессионалон боксы изæр
Международный турнир по боксу среди профессионалов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы профессионалон боксы изæр

Профессионалон боксы турнир ацыд Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы хъæппæрисæй. Организатортæ сты æхсæнадон змæлд "Ирон Легион", РХИ боксы федераци æмæ "Урал Бокс Промоушен".

Ног хабӕртты лентӕ
0