Хуссар Иры банкъардтой зӕххӕнкъуыст, кӕцы ӕрцыд Азербайджаны

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зӕххӕнкъуысты эпицентры зӕххы бын риуыгъдтыты магнитудӕ уыд 5 баллӕй фылдӕр

ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ банкъардтой зӕххӕнкъуыст, кӕцыйы эпицентр уыд Азербайджайнаг горӕт Гахӕй 18 километр фалдӕр, хъусын кӕны Европӕйаг сейсмологон центр.

Зӕххы бын риуыгъдтыты магнитудӕ, кӕцытӕ уыдысты 10 километр арфӕн, уыд 5,3 балл. Хуссар Ирыстоны зӕххӕнкъуыст гӕнӕн уыдис фӕхатын 21:40 сахатыл. Зӕххы бын риуыгъдтытӕ уӕлдай бӕрӕг уыдысты бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты, банысан кодтой цӕстӕйфенджытӕ.

Фӕцӕфуӕвджыты ӕмӕ хӕлдтыты тыххӕй информаци нӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0