ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны фæсивæдон комитет хъусын кæны, æппæтуæрæсейон ахуырадон форум "Таврида"-мæ куырдиæттæ исыны кампани кæй райдыдта, уый тыххæй.
Комитеты пресс-службæйы куыд банысан кодтой, афтæмæй ацы мадзалы æрвылаз дæр фæархайынц Хуссар Ирыстоны фæсивæд, фæлæ дзы нырмæ проекттæ никуы бавдыстой. Афтæмæй та "Таврида-2018"-йы грантон фонд у 30 милуан сомы.
"Ис дзы гранттæ райсыны фадæттæ, фæлæ дзы мах минæвæрттæ никуы ма бавдыстой проекттæ. Ныфс нæ ис, ацы аз нæ фæсивæд кæй æрбавдисдзысты проекттæ дæр. Куырдиæттæ ист цæудзысты 16 июньмæ", — загъта Sputnik пресс-службæйы кусæг Гатыгкоты Валентина.
Ацы аз форумы куыст цæудзæн æхсæз сменæйы. Адæмон сменæ "Вместе" (16-22 июлы); "Стрит-арт смена" (24-30 июлы); Олег Табаковы номыл анимаци æмæ киноиндустриийы архайæг фæсивæды сменæ (1-7 августы); театралон аивад æмæ литературæйы фадыджы архайæг фæсивæдæн "Эксперименталон сценæ" (9-15 август); "Лето, джаз и рок-н-ролл" (17-23 августы); "Бæстæйы сфæлдыстадон командæ – культурæйы фадыджы бархионтæ" (25-31 августы).
Æппæтуæрæсейон фæсивæдон форум ацæудзæн 16 июлæй 31 августмæ сакъадах Хъырымы. Ӕдæппæтæй форумы архайдзæн 3 000 адæймаджы. Ахуырадон нывæзты ис мастер-класстæ æмæ цымыдисон лекцитæ.