"Пушкины ныхӕстӕй": Цхинвалы банысан кодта зындгонд классикы 219-ӕм гуырӕнбон

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы банысан кодта зындгонд классикы 219-ӕм гуырӕнбон
Цхинвалы банысан кодта зындгонд классикы 219-ӕм гуырӕнбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Поэты гуырӕнбоны цытӕн мадзалы Бибылты Анатолий бафарста йӕ уарзон хай поэмӕ "Евгений Онегин"-ӕй

ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik. Александр Пушкины гуырӕнбоны цытӕн бӕрӕгбонон мадзалы Цхинвалы скъоладзаутӕй дарддӕр сӕ уарзон ӕмдзӕвгӕтӕ бафарстой хистӕр уазджытӕ дӕр — ахуырады министр Гасситы Натали ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий.

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы банысан кодта зындгонд классикы 219-ӕм гуырӕнбон
День рождения А.С. Пушкина - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы банысан кодта зындгонд классикы 219-ӕм гуырӕнбон

Бӕрӕгбон кӕнын уагъд ӕрцыд Пушкины уынгыл скверы, цы ран ис зынгӕ поэты цырт. Уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджыты ассоциацийы сӕргълӕууӕг Тедеты Зӕлинӕ йӕ раныхасы банысан кодта, "ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгты алыварс арӕзт кӕй цӕуы ӕвзонг бӕстӕйы цард". Гасситы Натали та  бафарста йӕ уарзон рӕнхъытӕ поэты ӕмдзӕвгӕйӕ "Мне вас не жаль, года весны моей".

Уырыссаг ӕвзаджы бӕрӕгбоны цытӕн Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн раарфӕ кодта президент Бибылты Анатолий, кӕцы бафарста Татьянайы фыстӕг Онегинмӕ.

"Махӕн тынг ахсджиаг у, цӕмӕй ӕвзонг адӕм хорз зоной уырыссаг ӕвзаг, уый у ӕнӕмӕнгхъӕуӕг сӕ дарддӕры райрӕзты тыххӕй. Фӕлӕ уый хъуамӕ ма ныллӕг кӕна ирон ӕвзаг, мадӕлон ӕвзаг ӕнӕмӕнг хъуамӕ зона алы ирон дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕн алкӕмӕн дӕр ис нӕхи Пушкин ӕмӕ йын йӕ уацмыстӕ алчидӕр ӕмбары йӕхирдыгонау. Абон поэты сфӕлдыстады ахуырад республикӕйы скъолаты ис хорз ӕмвӕзадыл, ӕмӕ мӕ уый тыххӕй фӕнды зӕгъын бузныг уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджытӕн", — банысан кодта Бибылты Анатолий.

Скверы центры мадзалы организатортӕ ауагътой чысыл равдыст нывтимӕ, кӕцытӕ ӕвдисынц поэты цард ӕмӕ сфӕлдыстад. Скъоладзаутӕ дзырдтой йӕ биографийӕ скъуыддзӕгтӕ, фарстой йын йе мдзӕвгӕтӕ. Мадзалы кӕрон сӕвӕрдтой дидинджытӕ зынгӕ уырыссаг классикы цыртмӕ.

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы банысан кодта зындгонд классикы 219-ӕм гуырӕнбон
Цхинвалы банысан кодта зындгонд классикы 219-ӕм гуырӕнбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Цхинвалы банысан кодта зындгонд классикы 219-ӕм гуырӕнбон
© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы банысан кодта зындгонд классикы 219-ӕм гуырӕнбон
Цхинвалы банысан кодта зындгонд классикы 219-ӕм гуырӕнбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3

3/3

Ног хабӕртты лентӕ
0