Цхинвалы цӕрӕджы ӕрцахстой морфинӕй пайда кӕныны тыххӕй

© Sputnik / Сергей Венявский /  Ахизын медиабанкмæЭкспертно-криминалистическая лаборатория управления наркоконтроля по ЮФО
Экспертно-криминалистическая лаборатория управления наркоконтроля по ЮФО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыдгӕнӕджы аластой 7 июны 23:30 сахатыл республикон наркологон диспасермӕ, цӕмӕй йын медицион басгӕрст ауадзой

ЦХИНВАЛ, 8 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг оргӕнты кусджытӕ ӕрцахстой горӕты 24-аздзыд цӕрӕджы наркотикон буарад "Морфин"-ӕй пайда кӕныны тыххӕй, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Гӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры цӕрӕг йӕ цӕхӕрадоны зайын кодта гӕн

Фыдгӕнӕджы аластой 7 июны 23:30 сахатыл республикон наркологон диспасермӕ, цӕмӕй йын медицион басгӕрст ауадзой. Экспертизӕ сбӕрӕг кодта, ӕмбӕстаг кӕй пайда кодта наркотикон буарад "морфин"-ӕй.

"Афтӕмӕй барадхалӕджы архайды федтой административон барсӕттӕны миниуджытӕ, кӕцытӕ фыст сты статьяйы "административон ӕмӕ уголовон бӕрн наркотикон ӕмӕ психотропон буарадты ӕнӕзаконон пайда кӕныны тыххӕй", — банысан кодтой уагдоны.

Басгӕрст уадзы горӕт Цхинвалы мидхъуыддӕгты управлени.

Ног хабӕртты лентӕ
0