Хуссар Ир аззайдзӕн ӕнӕ рухсӕй дӕлстанцы арӕзтады тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рухс ахицӕн кӕндзысты Ручъы тоннелы цӕгаттаг порталы цур, дӕлстанц кӕй аразынц, уый тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 8 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны рухс нӕ уыдзӕн сабаты ӕртӕ сахаты бӕрц арӕзтадон куыстыты тыххӕй, фехъусын кодта Sputnik Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс – Хуссар Ирыстоны" минӕвар Гӕбӕраты Анатолий.

"Рухс нӕ уыдзӕн сабаты, 9 июны, боны дыууӕ сахатӕй фондз сахатмӕ. Рухс ахицӕн кӕндзысты Ручъы тоннелы цӕгат порталы цур дӕлстанц кӕй аразынц, уый тыххӕй", — радзырдта Гӕбӕраты Анатолий.

Хуссар Ирыстонмӕ электроэнерги цӕуы Уӕрӕсейӕ 110 КВт электрондыхы хаххыл "Зӕрӕмӕг-Цӕгатаг портал-Дзау".

Ног хабӕртты лентӕ
0