Цхинвалы раивтой донифтонгады фæдыл уагдоны хистæры

© Пресс-служба мэрии Цхинвала Цхинвалы раивтой донифтонгады фæдыл уагдоны хистæры
Цхинвалы раивтой донифтонгады фæдыл уагдоны хистæры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цыппæрæмы куыстуаты коллективæн горæты мэр Коцты Алан базонгæ кодта сæ ног хистæры

ЦХИНВАЛ, 14 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон унитрон куыстуат "Водоканал"-ы хистæры бынатмæ нысан æрцыд Цхуырбаты Алан, фехъусын кодтой Цхинвалы администрацийы пресс-службæйы.

Раздæр ацы бынаты куыста Зассеты Сергей.

"Цхуырбаты Алан администрацийы раздæр куыста æндæр æмæ æндæр бынæтты, алкæцыйы дæр дзы йæхи равдыста бæрнон кусæгæй. Ныфс мæ ис, уагдоны къухдариуæггæнæгæй дæр йæхи кæй равдисдзæн хорз", — радæтта мэры ныхæстæ йæ пресс-службæ.

Коцты Алан ма банысан кодта, "Водоканал" алыхатт дæр кæй куыста "цæсгомджынæй æмæ уыцы тенденци хъæуы адарддæр кæнын".

Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал" дзуапп дæтты горæты донифтонгадæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0