Гасситы Мурӕты тохы бынат ӕмӕ рӕстӕг зӕгъдзысты 18 июны

© Sputnik / Владимир Сергеев /  Ахизын медиабанкмæБоксер Гасситы Мурӕт
Боксер Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Нырма бӕрӕг нӕу, боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы финалон хыл уыдзӕн ӕмӕ йӕ ныхмӕлӕууӕг Александр Усик уыдзӕн, ӕви нӕ

ЦХИНВАЛ, 15 июн — Sputnik. Боксӕй дунейы чемпион Гасситы Мурӕты тохы бынат ӕмӕ рӕстӕг зӕгъдзысты ног къуыри, хъусын кӕны РИА Новости.

Къуырисӕры, 18 июны 11:00 сахатыл ӕхсӕнадӕмон мультимедийон пресс-центры "Россия сегодня"-йы уыдзӕн пресс-конференци, цы ран фехъусын кӕныдзысты, кӕм ӕмӕ кӕимӕ тох кӕндзӕн Гасситы Мурӕт.

Александр Усик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Усик бафидар кодта йӕ фӕнд Гасситы Мурӕтимӕ тох ауадзыны фӕдыл

Пресс-конференцийы хайад райсдзысты Уӕрӕсейы боксы Федерацийы генералон секретарь Умар Кремлев ӕмӕ промоутерон компани "Урал Бокс Промоушен"-ы президент Евгений Вайнштейн.

WBSS-ы финалон хыл Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы хсӕн хъуамӕ ацыдаид Саудон Аравийы 11 майы, фӕлӕ йӕ ахастой, украинӕйаг боксер травмӕ кӕй райста, уый тыххӕй. Фӕстӕдӕр Усик загъта, Гасситы Мурӕтимӕ кӕй нӕ бокс кӕндзӕн Уӕрӕсейы.

Ацы къуыри ДИФ фӕзынд информаци, бынат ӕмӕ рӕстӕджы тыххӕй баныхас кӕй ныддаргъ ис, уый тыххӕй украинаг боксеры гӕнӕн ис баива ӕнӕсаст боксер Америкӕйӕ Эндрю Табити. Уый фӕстӕ Усик Instagram-ы йӕ официалон фарсыл ныффыста, кӕй фӕнд кӕны Гасситы Мурӕтимӕ фембӕлын. Афтӕ ма уый фехъусын кодта, Уӕрӕсейы дӕр разы кӕй у фембӕлын йӕ ныхмӕлӕууӕгимӕ.

"Мӕнӕн, куыд боксерӕн, афтӕ уӕлдай нӕу, кӕм бокс кӕндзӕн. Ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цӕмӕй мын зӕгъой, кӕдӕм хъӕуы цӕуын. Спортивон этикӕмӕ гӕсгӕ, раст уыдаит тох ауадзын нейтралон территорийыл", — рхаста Matchtv.ru. Усикы ныхӕстӕ.

Амӕйразмӕ Кремлев фехъусын кодта, федераци кӕй архайы, цӕмӕй хыл ауадзой Уӕрӕсейы 22 июлы.

Ног хабӕртты лентӕ
0