"Ирон" роботтӕ акафыдысты хонгӕ

© Instagram/ kosta xetagkaty"Ирон" роботтӕ акафыдысты хонгӕ
Ирон роботтӕ акафыдысты хонгӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон робототехниктӕ скодтой националон дарӕс сӕ роботтыл, кӕцытӕ акафыдысты "Хонгӕ"

ЦХИНВАЛ, 15 июн — Sputnik. Ирон конструктортӕ равдыстой роботты хонгӕ кафт ӕххӕстгӕнгӕйӕ Мӕскуыйы Андроидон робототехникӕйы конкурсыл, хъусын кӕны News-R.

Ирон конструктортӕ скодтой националон дарӕс сӕ роботтыл, кӕцытӕ акафыдысты "Хонгӕ". Згъӕр артисттӕ диссаджы змӕлд кодтой музыкӕйы тактмӕ, фылдӕр уыдысты удӕгас куклӕты хуызӕн.

 

Ӕфсӕйнаг артистты кафт тынг фӕдис кодта равдысты кӕсджыты, уыдон сӕ телефонтӕй истой ирон робототехникты бакуыст. Фӕстӕдӕр видео баппӕрстой интернетмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0