Хуссарирыстойнаг чысыл боксертæ афæндараст сты Ессентуки сæттынмæ

© Sputnik / Плиты ФатимæБоксы скъолйы командæ турниры размæ
Боксы скъолйы командæ турниры размæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
17 æвзонг, фæлæ фæлтæрд боксеры балцæгтæ турнирмæ райстой боксы скъолайы мидæггон спаррингты фæстиуæгæн

ЦХИНВАЛ, 15 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны сывæллæттæ æмæ æрыгон фæсивæды боксы скъолайы командæ афæндараст сты Ессентукимæ Ананенко Николайы номыл гом турнирмæ. Егъау къорд 17 боксеры скондæй Цхинвалы Театралон фæзуатæй афæндараст кодтой сæ ныййарджытæ æмæ тренертæ.

Чысыл, фæлæ фæлтæрд боксертæ балцæгтæ турнирмæ райстой боксы скъолайы мидæггон спаррингты фæстиуæгæн.

"Къорды сты Боксы скъолайы æртæ секцийы хъомылгæнинæгтæ, уæдонæй дыууæ цæуынц ерыстæм фыццаг хатт, аннæтæн ис турнирты архайыны фæлтæрддзинад. Сæ фылдæр хай сты, æрæджы Кабардайы чи расгуыхт, уыдон. Гом турниры æнхъæлмæ кæсынц канд Ставрополы край нæ, фæлæ ма сыхаг республикæты минæвæрттæм дæр. Ныфс нæ ис, нæ боксертæ кæй ныддæрæн кæндзысты сæ ныхмæлæуджыты æмæ командæ суыдзæн ерысты лидер", — радзырдта боксы скъолайы директоры хæдивæг Кокойты Ирбег.

Уый ма банысан кодта, сывæллæтты нырма сæрдыгон улæфтмæ дæр кæй нæ ауагътой, цæмæй ацы турниры стох кæной æмæ уый фæстæ та Цæгат Ирыстонимæ матчон фембæлд саразой Цхинвалы.

© Sputnik / Плиты ФатимæБоксы скъолйы командæ турниры размæ
Боксы скъолйы командæ турниры размæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Боксы скъолйы командæ турниры размæ

Чысыл боксерты командæ ацыд тренертæ Тедеты Алик, Куымæридтаты Родион æмæ Дзигойты Ацæмæзы сæргълæудæй. Тедеты Алик ма ерысты ралæудзæн тæрхонгæнæгæй дæр.

"Турниры уæлахизæй дарддæр ма ахсджиаг у тохы фæлтæрддзинад дæр. Мæ 6 ахуырдзауæй хъуамæ 4 уæддæр æрхæссой фыццаг бынæттæ", — ныфс радта Дзигойты Ацæмæз.

Турнирмæ Цхинвалæй размæ кодтой 2004-2008 азы гурыд спортсменты. Къорды сконды ис тренертæ Кокойты Мурат, Кокойты Ирбег, Плиты Азæмæт, Дзигойты Ацæмæз, Куымæридтаты Родион æмæ Чехойты Аланы хъомылгæнинæгтæ. Турнирмæ ацæуынæн сын баххуыс кодта РХИ Паддзахадон хъахъхъæнынады службæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0