Басгӕрст фӕндӕгтыл: Хуссар Иры тыхон структурӕтӕ уадзынц рейдтӕ

© Пресс-служба МВД РЮО Хуссар Иры тыхон структурӕтӕ уадзынц рейдтӕ
Хуссар Иры тыхон структурӕтӕ уадзынц рейдтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рейдтӕ уадзынц, цӕмӕй фӕндӕгтыл ӕдасдзинад сфидар кӕной, афтӕ ма хӕцӕнгарз ӕмӕ наркотикон буарадты ӕнӕзаконон парахат дӕр аиуварс кӕной

ЦХИНВАЛ, 15 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ) уадзы рейдтӕ республикӕйы районты, цы ран хайад исынц Паддзахадон автоинспекци, криминалон милици ӕмӕ МСНК кусджытӕ, хъусын кӕны барадхъахъхъӕнӕн уагдоны пресс-службӕ.

Рейдты нысан у "фӕндагон змӕлды ӕдасдзинад сфидар кӕнын ӕмӕ фӕндагон транспортон цауты (ФТЦ) нымӕц фӕкъаддӕр кӕнын, афтӕ ма мигӕнӕн ӕмӕ наркотикон буарадты ӕнӕзаконон парахат дӕр аиуварс кӕнын".

ПАИ, Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕртӕ авари – цыппар зианбаййафӕджы: милици радзырдта фӕндӕгтыл уавӕры тыхххӕй

"Фӕндагон транспортон цауты ныхмӕ тох ӕрмӕст МХМ кусджыты тыхтӕй у тынг зын. Махӕн нӕ бон нӕу алкӕцы автотранспорт ӕмӕ фистӕг бӕлццоны бакӕнын нысангонд бынатмӕ. Фӕндагон змӕлды хайадисджытӕ хъуамӕ ӕмбарой, кӕй ис бирӕ тӕссагдзинӕдтӕ, ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ фӕндагон змӕлды фӕтк ӕххӕст кӕной сӕхи ӕдасдзинады тыххӕй", — радӕтта МХМ пресс-службӕ Паддзахадон автоинспецийы батальоны конмадир Коцты Аланы ныхӕстӕ.

Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ нысан кӕнынц, фӕндагон фыдбылызты фылдӕр хай кӕй ӕрцӕуынц, змӕлды уагавӕрд кӕй халынц, уый тыххӕй. Уыдон сты: хӕдтулгӕ нозтджынӕй скъӕрын, тагъды ӕмӕ дистанцийы режим халын, ныхмӕ змӕлды фӕндагмӕ рахизын.

Ног хабӕртты лентӕ
0