Медиктӕ сбӕрӕг кодтой, Зӕгъойты Алан травмӕ кӕй райста Дунейы чемпионаты фыццаг хъазты

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæФутбол. ЧМ-2018. Матч Россия - Саудовская Аравия
Футбол. ЧМ-2018. Матч Россия - Саудовская Аравия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон футболист райста травмӕ хъазты фыццаг хайы 22 минутӕйыл, кӕцы уагъд цыдис цыппӕрӕмы Уӕрӕсейы столицӕйы футболы Дунейы чемпионаты баконды бон

ЦХИНВАЛ, 15 июн — Sputnik. Процедурӕтӕ сбӕрӕг кодтой, Уӕрӕсейы командӕйы ӕрдӕгхъахъхъӕнӕг Зӕгъойты Алан кӕй райста травмӕ, хъусын кӕны Р-Спорт.

Игрок ЦСКА Алан Дзагоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зӕгъойты Алан ӕрӕвнӕлдта тренировкӕтӕм травмӕйы фӕстӕ

Ӕввахс бонты сбӕрӕг кӕндзысты футболисты хоскӕныны ӕмгъуыд.

Ирон футболист райста травмӕ хъазты фыццаг хайы 22 минутӕйыл, кӕцы уагъд цыдис цыппӕрӕмы Уӕрӕсейы столицӕйы футболы Дунейы чемпионаты баконды бон стадион "Лужники"-йы ӕмӕ йӕ баивтой Денис Черышевыл. Националон командӕ рамбылдта Саудон Аравийы 5:0 хыгъдӕй. Сӕ иннӕ хъазт Черчесты Станиславы командӕ кӕндзысты Египеты командӕимӕ дыццӕджы, 19 июны Санкт-Петербурджы.

Футболы Дунейы чемпионат Уӕрӕсейы уагъд цӕудзӕн 11 горӕты 14 июнӕй 15 июлмӕ.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0