Марат Кулахметов радта грамотатӕ уӕрӕсейаг медиктӕн

© Sputnik / Наталья АйриянМарат Кулахметов
Марат Кулахметов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны медиктӕ хуыцаубоны нысан кодтой сӕ профессионалон бӕрӕгбон

ЦХИНВАЛ, 18 июн — Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов раарфӕ кодта Медицинон кусджыты боны цытӕн уӕрӕсейаг специалисттӕн, кӕцытӕ кусынц РХИ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фадыджы, хъусын кӕны республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрады пресс-службӕ.

Хуссар Ирыстоны медицинон кусджытӕ хуыцаубоны нысан кодтой сӕ профессионалон бӕрӕгбон.

"Мӕн фӕнды банысан кӕнын уӕрӕсейаг специалистты цӕсгомджын куыст, сӕ архайд, цӕмӕй Хуссар Ирыстоны саразой медицинон куысты ахадгӕ системӕ, афтӕ ма сӕ хайбавӕрд уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг ахастыты ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты фадыджы", — радӕтта уагдон Марат Кулахметовы ныхӕстӕ.

Грамотатӕ райстой Светлана Старцева, Эдуард Амерханов, Алексей Бубен, Илья Суровцев, Артем Осипов ӕмӕ Сергей Груздев.

Хуссар Ирыстоны медицинон кусӕджы бон нысан кӕнынц алы аз дӕр июны ӕртыккаг хуыцаубоны. Бӕрӕгбон фыццаджы арӕзт ӕрцыд Советтон Цӕдисы, уый фӕстӕ ацы хъуыды фӕцынд бирӕ бӕстӕты зӕрдӕмӕ. Ныридӕгӕн бӕрӕгбон нысан кӕнынц ХПӔ, Европӕ, Африкӕ ӕмӕ Америкӕйы бӕстӕты.

Ног хабӕртты лентӕ
0