ЦХИНВАЛ, 18 июн — Sputnik. Ирыстон ивгъуыд улӕфт бонты нысан кодта иууыл кадджындӕр бӕрӕгбӕттӕй сӕ иу. Рагон кувӕндон Рекомы ӕрӕмбырд сты ирон адӕм Хуссар ӕмӕ Цӕгатӕй.
Алы аз дӕр Рекомы ӕртымбыл вӕййы иу мин адӕймагӕй фылдӕр Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстонӕй. Дзуарыбон банысан кӕнынӕн ис цалдӕр ӕнӕфехӕлгӕ ӕгъдау ӕмӕ фӕтк. Кувӕндон ис Цъӕйы комы уӕллаг хайы ӕмӕ йӕм хизыны бар ис ӕрмӕстдӕр нӕлгоймӕгтӕн. Фӕлӕ уырдӕм фӕндагыл ис Мад Майрӕмӕн сугӕй кувӕндон, цы ран сылгоймӕгтӕ фӕкувынц ӕмӕ дзурынц сӕ бӕллицтӕ. Кувӕндӕттӕм хъуамӕ схизай бӕгъӕввадӕй, сылгоймӕгтӕн та сӕрбӕттӕнты. Нӕй дзы гӕнӕн тамако дымын, ӕвзӕр дзыхӕй дзурын ӕмӕ бырон кӕнын.
Дзуармӕ фӕндаг цӕуы диссаджы ӕрдзы хъӕбысы, фенӕн дзы ис Монахы хох дӕр.
Ахӕм диссаджы ӕрдзы, ӕртӕ чъири ӕмӕ ирон бӕгӕныимӕ нӕлгоймӕгтӕ схизынц иууыл бӕрзӕндмӕ, цӕмӕй скувой. Афтӕ ма уым уагъд ӕрцӕуы ирон хъазт. Сылгоймӕгтӕм бӕрзӕндӕй фӕхъуысынц хъӕрӕй куывдтытӕ ӕмӕ хъайтарон зарджытӕ. Цалынмӕ нӕлгоймӕгтӕ кувгӕ кӕнынц, уӕдмӕ сылгоймӕгтӕ та фӕерыс кӕнынц ӕрмдӕсныйӕ.
Ацы аз, къӕвдамӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, бӕрӕгбонмӕ ӕрбацыд тынг бирӕ адӕм. Нӕлгоймӕгтӕ куы рхизынц, уӕд ирӕттӕ иумӕ ӕртымбыл вӕййынц нейтралон фӕзыл, цы ран фӕсивӕд ауадзынц хъазт, кафынц симд ӕмӕ зарынц адӕмон зарджытӕ.