ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент сратификаци кодта ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд, кӕцы бафыстой Сербаг республикӕимӕ ацы аз январы.
Документмӕ гӕсгӕ республикӕтӕ хъуамӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕной, цӕмӕй сфидар кӕной ӕмгуыстад экономикӕ, хъӕууон хӕдзарад, туризм ӕмӕ спорты фадыджы.
Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр (ФХМ) Медойты Дмитрий радзырдта лӕмбынӕг депутаттӕн, цы рагхыгъд кӕны документ.
"Ацы документ бафыссыны размӕ дӕр Сербаг республикӕимӕ ахастытӕ уыдысты хорз, хӕларадон, фӕлӕ бадзырд байгом кодта ног фадӕттӕ дарддӕры ӕмгуыстадӕн", — загъта министр.
Уый бахахх кодта, документ ныридӕгӕн дӕр кӕй кусы, кӕд ӕмӕ нырма дыууӕ фарсӕй дӕр нӕу ратификацигонд, уӕддӕр.
"Сербаг республикӕйы уагъд цӕуы ӕхсӕнадӕмон турнир шахматтӕй, цы ран хайад исы Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон командӕ", — бамбарын кодта Медойты Дмитрий.
Афтӕ ма ӕмгуыстады организаци ӕмӕ бадзырды реализацийы фӕдыл арӕзт ӕрцӕудзӕн кусӕгонн къорд дӕр, цы ран архайдзысты дыууӕ фарсы минӕвӕрттӕ.
Абон ма сратификаци кодтой базарадон режимы фӕдыл уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг ӕхсӕнхицауадон бадзырдмӕ барастгӕнинӕгтӕ бахӕссыны фӕдыл протокол.
Парламенты фӕсарӕйнаг политикӕ ӕмӕ парламентты ӕхсӕн бастдзинӕдты комитеты сӕргълӕууӕг Коцты Игоры ныхӕстӕм гӕсгӕ, бадзырды бараст баст у Хуссар Ирыстонмӕ ӕрдзон газы фӕхӕццӕимӕ, кӕцы хъуамӕ цӕуа ӕнӕ фиддонӕй.