Хуссар Иры райстой чысыл бизнесӕн ӕххуысы программӕ

© Sputnik / Владимир Трефилов /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейаг ӕхца
Уӕрӕсейаг ӕхца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амӕйразмӕ документ хорзыл банымадта республикӕйы хицауад дӕр

ЦХИНВАЛ, 20 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент райста чысыл амалиуӕгадӕн ӕххуысы программӕ.

Хуссар Ирыстоны хицауады рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауад райста бизнесӕн ӕххуысы программӕ

Амӕйразмӕ депутаттӕ райстой уӕлбарон кредиткӕнынады закон, кӕцымӕ гӕсгӕ алы аз дӕр паддзахадон бюджеты ӕфтиӕгтӕй дыууӕ процент цӕудзӕн чысыл амалиуӕггӕнджытӕм, куыд кредитон фӕрӕзтӕ.

Экономикӕ, чысыл амалиуӕгад ӕмӕ хъӕууон хӕдзарады фӕдыл парламентон комитеты сӕргълӕууӕг Джиоты Инал банысан кодта, уӕлбарон кредиткӕнынады закон кӕй нӕ кусдзӕн кӕронмӕ ӕнӕ ӕххуысы программӕйӕ, цы ран лӕмбынӕг фыст уыдзысты амалиуӕггӕнджытӕн кредиттӕ дӕттыны фӕтктӕ.

"Ацы законмӕ бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, амалиуӕггӕнджыты хъӕуы фӕрӕзтӕ, цӕмӕй сӕхи хъуыддаг бакӕной, ӕмӕ уӕ уый фӕдыл курын ацы программӕ хорзыл банымайын", — загъта Джиоты Инал.

Дыццӕджы парламенты президиумы рабадты Гасситы Петр банысан кодта, алкӕцы документ дӕр, кӕцытӕ сты ӕнӕмӕнг уӕлбарон кредиткӕнынады закон йӕ тыхы бахизыны тыххӕй, кӕй хъӕуы райсын ӕввахс рӕстӕджы.

Амӕйразмӕ ма ацы программӕ хорзыл банымадта республикӕйы хицауад дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0