Сезонон кризис: Хуссар Иры хъӕутӕй иуы цӕрджытӕн нӕ фаг кӕны дон

© Пресс-служба правительства РЮОНог донифтонгады хахх аразынц Дыгъуызты хъӕуы
Ног донифтонгады хахх аразынц Дыгъуызты хъӕуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног донифтонгады хахх аразынц зӕронды цурты – куыстыты фылдӕр хай аразынц хъӕуы цӕрджытӕ сӕхӕдӕг

ЦХИНВАЛ, 21 июн — Sputnik. Цхинвалы районы администрацийы сӕргълӕууӕг Бибылты Валерий радзырдта Дыгъуызты хъӕуы донифтонгады ног хаххы арӕзтады тыххӕй, хъусын кӕны республикӕйы хицауады пресс-службӕ.

Хуссар Ирыстоны сӕрды донхӕры сезон куы райдайы, уӕд кӕцыдӕр хъӕуты дон нал фӕфаг кӕны.

Маршрут выходного дня: Цхинвал- Нижний Рук- Згъубир- Эдис- Эрман - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фæстæмæ хъæумæ. Цæрынмæ æви улæфынмæ

"Дыгъуызты хъӕуы дон нал фӕхӕццӕ кӕны хъӕуы кӕрӕттӕм ӕмӕ йӕ сӕйраг аххосаг у, цӕсгомджынӕй дзы кӕй нӕ пайда кӕнынц, уый. Цӕмӕй проблемӕ аскъуыддзаг кӕной, уый тыххӕй Цхинвалы районы ЦКХ ӕмӕ хъӕуы цӕрджытӕ иумӕ уадзынц ӕхсӕз километры дӕргъӕн ног хахх", — загъта Бибылты Валерий.

ЦКХ хистӕр Хъотайты Борисы ныхӕстӕм гӕсгӕ, стырдӕр диаметримӕ хахх уадзынц зӕронды цурты.

"Диссаг у, куыстыты фылдӕр хай кӕй аразынц Дыгъуызты хъӕуы цӕрджытӕ, кӕцытӕ тынг цин кӕнынц, дон сӕм кӕй уадзынц, уый тыххӕй. Ныр сын дон алыхатт дӕр фаг кӕндзӕн. Мах ма нывӕндӕм ноджы иу хъӕумӕ дон бауадзын ӕмӕ мидӕггаг уынгтӕ сцалцӕг кӕнын", — бафтыдта уый.

Хъӕуы цӕрджытӕ загътой бузныджы ныхӕстӕ Цхинвалы районы къухдариуӕгадӕн ӕмӕ паддзахады сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолийӕн се 'ххуысы тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0