"Мысӕн цырагъ": Цхинвалы ссардтой Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты амӕттӕгты нӕмттӕ

© Sputnik / Наталья АйриянАкци "Мысӕн цырагъ"
Акци Мысӕн цырагъ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕппӕтуӕрӕсейон акци ауагътой Мысӕн боны размӕ горӕт-хъайтарты ӕмӕ ӕфсӕддон кады горӕтты

ЦХИНВАЛ, 22 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Театралон фӕзуатмӕ 20:00 сахатыл ӕрбатымбыл сты горӕты цӕрджытӕ, цӕмӕй скад кӕной Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты сӕ зӕхх бахъахъхъӕнӕг адӕмӕн. Цӕрджытӕ ссыгътой цырӕгътӕ ӕмӕ мысыдысты, фронтӕй чи нал рыздӕхт, уыдоны. Акцийы рӕстӕджы цхинвайлӕгтӕ ссардтой хӕсты амӕттӕгты ном иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ.

© Sputnik / Наталья АйриянАкци "Мысӕн цырагъ"
Акция Свеча памяти на Театральной площади - Sputnik Хуссар Ирыстон
Акци "Мысӕн цырагъ"

Сывӕллӕттӕ сценӕйыл фарстой ӕмдзӕвгӕтӕ ӕфсӕддон тематикӕйыл, адӕм лӕууыдысты цырӕгътимӕ, кӕцытӕ ссыгътой Мӕскуыйӕ ласт артӕй.

Хуссар Ирыстоны культурӕйы министр Зассеты Жанна банысан кодта, ацы бонӕн кӕй хъуамӕ кад кӕной республикӕйы алкӕцы хӕдзары дӕр.

"Зӕрдӕ фӕриссы, куы ахъуыды кӕнын, цас адӕм ацыдысты хӕстмӕ Хуссар Ирыстонӕй. Махӕн нӕй бар рох кӕнын ацы датӕ, уый тыххӕй ӕмӕ тынг хорз зонӕм, цы у хӕст. Хъӕуы абоны тыххӕй дзурын нӕ сывӕллӕттӕн, цӕмӕй йӕ уыдон дӕр зоной ӕмӕ хъуыды кӕной. Абон хъуамӕ алчидӕр йӕ хӕдзары ссудза цырагъ ӕмӕ ахъуыды кӕна, йӕ цард мах тыххӕй чи радта, уыдоныл", — загъта министр.

Ӕрвылаз дӕр 22 июны дунейы бирӕ бӕстӕты нысан кӕнынц Мысӕн бон. Ацы бон 1941 азы Германы ӕфсад бабырста Советон Цӕдисмӕ. Райдыдта Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕст, кӕцы ахаста 26 милуан цардӕй фылдӕр.

© Sputnik / Наталья АйриянАкци "Мысӕн цырагъ"
Акци Мысӕн цырагъ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Акци "Мысӕн цырагъ"
© Sputnik / Наталья АйриянАкци "Мысӕн цырагъ"
Акци Мысӕн цырагъ - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Акци "Мысӕн цырагъ"
© Sputnik / Наталья АйриянАкци "Мысӕн цырагъ"
Акци Мысӕн цырагъ - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Акци "Мысӕн цырагъ"
1/3
Акци "Мысӕн цырагъ"
2/3
Акци "Мысӕн цырагъ"
3/3
Акци "Мысӕн цырагъ"

Хуссар Ирыстонӕй, цы ран цӕры 80 мин адӕймаджы, хӕстмӕ ацыдысты 21 763 адӕймаджы, се 'рдӕгӕй фылдӕр баззадысты хӕсты быдырты, авд минӕй фылдӕр та фӕкодтой ӕбӕрӕг сӕфт.

Ног хабӕртты лентӕ
0