ЦХИНВАЛ, 22 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад 2017 азы бакодта рӕстӕмбис куыст. Ахӕм вердикт цыппӕрӕмы рахастой парламенты депутаттӕ, хицауады сӕрдар Пухаты Эрикы дзуаппытӕм куы байхъуыстой, уӕд.
Хицауады хыгъдлӕвӕрд депутаттӕн радтой развӕлгъау ӕмӕ йӕ парламенты сессийы нал бакастысты. Депутаттӕ райдыдтой фарстытӕ дӕттын, кӕцытыл премьер дзуапп кодта цыппар сахатӕй фылдӕр.
Фарстытӕ уыдысты социалон-ахсджиаг арӕзтад, цӕрӕнуат, ӕнӕниздзинады райрӕзт, демографион уавӕры фӕхуыздӕр ӕмӕ фиддонты системӕйы фӕхуыздӕры тыххӕй.
Афтӕ ма депутатты фӕндыд базонын, кӕд ратдзысты эксплуатацийы объекттӕ, кӕцыты аразынц бирӕ рӕстӕг, сӕйраджыдӕр, театр, Къуайсамӕ ӕмӕ Ленингормӕ фӕндӕгтӕ.
Хицауады сӕрдары ныхӕстӕм гӕсгӕ, театры куыстытӕ фӕуыдзысты иу мӕйы фӕстӕ, фӕндаг Гуфта-Къуайса та сараздзысты дыууӕ азмӕ.
Афтӕ ма уый ныфс бафӕрдта, республикӕйы дарддӕр дӕр кӕй араздзысты социалон цӕрӕнуат.
Демографион уавӕры тыххӕй та Пухаты Эрик загъта, зӕгъгӕ, республикӕйы фӕфылдӕр кодтой сывӕллӕттӕн фиддонтӕ, фӕлӕ нырма кӕронмӕ нӕ аскъуыддзаг кодтой мады капиталы фарст.
Уый ма ноджы банысан кодта, ныййарджытӕн кӕй вӕййы сабидонтимӕ проблемӕ, уый фӕдыл ног инвестпрограммӕмӕ бахӕсдзысты ног сабидӕтты арӕзтад.
Фӕстагмӕ депутаттӕ банысан кодтой, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны хицауад 2017 азы бакодта рӕстӕмбис куыст. Уыимӕ сразы сты 26 депутаты, ӕхсӕз депутат не схъӕлӕс кодтой, иу та схъӕлӕс кодта йӕ ныхмӕ.