"Лидер" Хуссар Иры ссардта сармадзаны нӕмгуыты ӕмбӕхсӕн

© Сайт МЧС России "Лидер" Хуссар Иры ссардта сармадзаны нӕмгуытӕ
Лидер Хуссар Иры ссардта сармадзаны нӕмгуытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕмбӕхсӕны, кӕцы уыд пырх астӕузамайнаг мӕсыджы, ссардтой сармадзаны 40 нӕмыджы

ЦХИНВАЛ, 26 июн — Sputnik. Уӕрӕсейы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) сӕрмагонд ахсджиаг ирвӕзынгӕнӕн операцитӕ уадзыны центр "Лидер"-ы специалисттӕ Цхинвалы цӕгатварс мӕсыджы ссардтой ӕмбӕхст сармадзаны нӕмгуытӕ, хъусын кӕны центры сайт.

Центры къорд уадзы пиротехникон куыстытӕ, цӕмӕй ссарой ӕмӕ сӕнӕзианхъом кӕной рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ Хуссар Ирыстоны. Республикӕйы мӕсгуытӕй иуы, Транскамы цур ссардтой ӕмбӕхсӕн, цы ран уыд сармадзаны 40 нӕмыджы.

Нӕмгуытӕ радтой Хуссар Ирыстоны УУМ-ы сапертӕн, цӕмӕй сӕ уыдон спырх кӕной ӕдас ран.

Иумӕйагӕй сӕ ныры командировкӕйы рӕстӕджы центры сапертӕ ссардтой Хуссар Ирыстоны 270 рӕмудзӕн ӕрмӕджы.

Ацы аз Уӕрӕсейы УУМ ныр ӕртыккаг хатт сыгъдӕг кӕны Хуссар Ирыстоны территори рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй. 2017 азы та центр "Лидер"-ы къорд ссыгъдӕг кодта 30,6 гектары, сæнæзианхъом ӕмӕ спырх кодта 105 рӕмудзӕн ӕрмӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0