Дзӕуджыхъӕуы бакодтой мемориалон фӕйнӕг Мамиты Олегӕн

© 15-й Регион Дзӕуджыхъӕуы бакодтой мемориалон фӕйнӕг Мамиты Олегӕн
Дзӕуджыхъӕуы бакодтой мемориалон фӕйнӕг Мамиты Олегӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мемориалон фӕйнӕджы баконды церемонийы хайад райстой Мамайы хиуӕттӕ, афтӕ ма Донецкаг Адӕмон республикӕйы делегаци дӕр

ЦХИНВАЛ, 26 июн — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы бакодтой мемориалон фӕйнӕг Мамиты Олегы цытӕн, хъусын кӕны 15-регион.

Донецкаг Адӕмон республикӕйы хӕдӕфсады командир Мамиты Олег, йӕ сидӕн "Мамай", райста уӕззау цӕфтӕ ӕмӕ фӕмард украинӕйаг ӕфсӕдты ӕхстыты фӕстиуӕгӕн Авдеевкайы районы.

Легендарон Мамай цы хӕдзары цард, уый къулыл Мемориалон фӕйнӕджы баконды церемонийы хайад райстой хӕсты амӕттаджы хиуӕттӕ, афтӕ ма Донецкаг Адӕмон республикӕйы делегаци дӕр.

"Батальон "Пятнашка"-йы мӕнӕн ис бирӕ ӕмбӕлттӕ. Олегимӕ дӕр ӕз уыдтӕн хорз зонгӕ. Ирыстон фесӕфта йе 'нувыд хъӕбулы, мах та ӕууӕнкджын ӕмбалы. Мах фӕндыд ӕнустӕм сфидар кӕнын йӕ ном. Ӕз ме 'мбалимӕ, кӕцы у куырд, сарӕзтам ахӕм композици хӕсты тематикӕйыл", — банысан кодта мемориалон фӕйнӕджы саразджытӕй иу Игорь Пупенко.

Аразӕджы хъуыдымӕ гӕсгӕ, мемориалон фӕйнӕгмӕ бахъӕбӕр кодтой сармадзӕны нӕмыг, каскӕ ӕмӕ Мамайы пулеметы лентӕ, афтӕ ма розӕтӕ дӕр, куыд милуан розӕйы — горӕт Донецкы символ, кӕцы хъахъхъӕдта комбат.

Мамиты Олег райгуырд Цӕгат Ирыстоны. 2008 азы хайад райста Хуссар Ирыстоны "Фондзбонон" хӕсты. Донбассмӕ та ацыд 2014 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0