Ӕмбӕлттӕ Багаты Георгийы тыххӕй: йӕ тыхтӕ иууылдӕр дӕтта сценӕйӕн

© Nog BonTVБагаты Георгий
Багаты Георгий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Курдиатджын ӕмӕ адӕмӕн уарзон актер амард 47-аздзыдӕй

ЦХИНВАЛ, 26 июн — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны амард ирон театралон аивады иууыл уарзондӕр ӕмӕ курдиатджындӕр актертӕй сӕ иу. Ӕртыццӕджы республикӕйы зӕгъдзысты фӕстаг хӕрзбон Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Багаты Георгийӕн. Уый амард 47-аздзыдӕй уӕззау низы фӕстӕ.

Адӕмы хсӕн куы сдзурай хуссарирыстойнаг драмон театры артист Багаты Георгийы тыххӕй, уӕд ӕй ничи зоны. Фӕлӕ йӕ куы схонай Куыцыкк кӕнӕ Ладикъо — уӕд Ирыстоны ахӕм адӕймаджы не ссардзынӕ, кӕцы йӕ нӕ зоны.

Йӕ худӕг радзырдтӕн-иу кӕрон нӕ уыд

"Театрмӕ ӕрбацыд сценӕйы кусӕгӕй. Куы дзы фӕзынд фадат Мӕскуымӕ Щепкины ахуырдонмӕ ацӕуын ахуыр кӕнынмӕ, уӕд мӕм ӕрбацыд ӕмӕ бафарста, рауайдзӕн ын актеры профессийы кусын ӕви нӕ. Загъта мын, бирӕ кӕй кӕсы нӕ хъазтмӕ сценӕйыл ӕмӕ уый дӕр фӕнды. Ӕмӕ йын ӕз загътон, алцыдӕр ын кӕй рауайдзӕн. Мах иумӕ бацӕттӕ кодтам алыгъуызон ӕмдзӕвгӕтӕ, фӕлварӕнтӕ радта ӕмӕ бахауд ахуырдонмӕ", — мысы Хуссар Ирыстоны адӕмон артист Уанеты Ӕхсар.

Хуссарирыстойнаг театры иууыл номдзыддӕр артисттӕй иу Гӕбӕраты Дауыт куы амард, уӕд Георгийӕн загътой, цӕмӕй йын йӕ рольтӕй иу ахъаза. Ӕвзонг артисты фыццаг нӕ фӕндыд йӕхимӕ ахӕм бӕрнон хӕс исын. Фӕлӕ йын алцыдӕр тынг хорз рауад.

"Раздӕр никуы зарыд, фӕлӕ йӕ тыххӕй куы азарын кодтон ӕмӕ йын ӕй йӕхицӕн куы байхъусын кодтон, уӕд йӕхӕдӕг дӕр фӕдис ис, ома дам мӕхӕдӕг зарын. Фӕстӕдӕр ӕй ӕрбакодтон Адӕмон театрмӕ, цы ран фӕкуыста бирӕ ӕзты. Царды уыд тынг хъӕлдзӕг, хорз ӕмбал ӕмӕ адӕймаг. Йӕ худӕг радзырдтӕн-иу кӕрон нӕ уыд", — мысы адӕмон артист.

Фарон фӕззӕджы Багаты Георгий базыдта йӕ уӕззау низы тыххӕй. Санкт-Петербурджы йын сарӕзтой операци, цалдӕр мӕй ацыд химиотерапи ӕмӕ реабилитацийыл.

Уанеты Ӕхсар дзуры, зӕгъгӕ, фарон театралон фестивалы фӕстӕ Дзӕуджыхъӕуы, кӕдӕм хуссарирыстойнаг театр ӕрласта спектакль "Кровавая свадьба" Багаты Георгиимӕ сӕйраг ролы, уымӕн радтой Цӕгат Ирыстоны сгуыхт артисты ном. Уый тыххӕй Георгий базыдта, рынчындоны куы уыд, уӕд.

Георгий, уый дӕр Ладикъо

Цалдӕр азы размӕ эфиры рацыд юмористикон программӕ "Сасинка ӕмӕ Ладикъо". Проект уайтагъд ссис тынг популярон адӕмы хсӕн, йӕ актертӕ та Багаты Георгий — Ладикъо ӕмӕ Остъаты Алан — Сасинка ссисты адӕмы уарзон актертӕ.

Проекты рымысджытӕ уыдысты паддзахадон телеуынынады раздӕры директор Хъуылымбегты Роберт ӕмӕ телекомпани "Ног боны" разамонӕг Коцты Къоста. Остъаты Аланӕн загътой, цӕмӕй ныффысса цалдӕр чысыл сценарийы.

"Хъуыды кодтам, чи ахъаздзӕн ацы рольтӕ, мӕхи тыххӕй уӕд хъуыды дӕр нӕ кодтон. Зӕронд лӕджы рольмӕ ӕз бахастон Георгийы, зӕронд усы роль та райстон мӕхимӕ. Мах бафӕлвӕрдтам ӕмӕ нын рауад. Ӕз алы къуыри дӕр фыстон ног сценаритӕ, адӕм та ӕнхъӕлмӕ кастысты ног рауагъдмӕ", — мысы Георгийы ӕмбал ӕмӕ коллегӕ Алан.

Алан дзуры, Георгий кӕй уыд ӕцӕг артист ӕмӕ хъынцъым кӕны, ирон аивад кӕй бавзӕрста тынг уӕззау хабар.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, "Сасинка ӕмӕ Ладикъо"-йы фӕстаг рауагъд истой, Георгий рынчын куы уыд, уӕд. Цалдӕр хатт-иу хъуыдис саразын фӕурӕд, уый тыххӕй ӕмӕ-иу Ладикъо тагъд бафӕллад.

Диссаджы дзырдарӕхст

Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны сгуыхт артист, Георгийы бирӕазон партнер сценӕйыл Бибылты Сослан мысы, ӕрӕджыйы онг дӕр Георгий кӕй хъазыд футболӕй.

"Операцийы фӕстӕ дӕр Георгий ӕрбацыд театрмӕ ӕмӕ дзырдта, футболӕй кӕй хъазыд, къулдуӕрттыл кӕй лӕууыд. Уый уыд ме 'мбал, мӕ ӕмкурсаг. Диссаджы актер ӕмӕ дзырдарӕхст, ирон адӕмон юморы хӕссӕг", — дзуры актер.

Багаты Георгий йӕ алкӕцы роль дӕр афтӕ ирд ӕмӕ цымыдисонӕй хъазыд, ӕмӕ йӕ саразгӕ фӕлгӕнцтӕ ӕнустӕм баззайдзысты адӕмы зӕрдӕты.

Ног хабӕртты лентӕ
0