Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Симферополы хсӕн нал уыдзӕн уӕлдӕфон бастдзинад

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæХӕдтӕхӕг Boeing 747
Хӕдтӕхӕг Boeing 747 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕлдӕфон бастдзинад фӕнд кодтой бакӕнын июны райдайӕнӕй сӕрды кӕрӕттӕм

ЦХИНВАЛ, 27 июн — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны аивтой уӕлдӕфон бастдзинады баконд, кӕцы хъуамӕ баиу кодтаит Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Симферополь сӕрды райдайӕнӕй фӕстӕмӕ, хъусын кӕны газет "Слово".

Аэропорт Дзӕуджыхъӕу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Аэропорт "Дзӕуджыхъӕу" сдзырдта иронау

Цӕгат Ирыстоны къухдариуӕгад фӕнд кодта ауӕрӕх кӕнын аэропорт "Дзӕуджыхъӕуы" атахтты географи ӕмӕ бахӕссын сӕрдыгон рейстӕ "Дзӕуджыхъӕу-Симферополь", фӕлӕ уыцы фӕнд ӕххӕст не 'рцыд.

Уӕлдӕфон бастдзинад хъуамӕ ӕххӕст кодтаид авиакомпани "РусЛайн".

"Фыццаг нӕм ӕрбацӕуы бавдыст авиакомпанийӕ, кӕцыйы фӕнды немӕ ӕмгуыстад кӕнын. Мах райстам уыцы бавдыст, фӕлӕ ӕввипайды авиакомпани фехъусын кодта рейсы аивды тыххӕй. Аххосӕгтӕ нын нырма нӕ загътой", — радӕтта мыхуыры фӕрӕз аэропорты минӕвары ныхӕстӕ.

Амӕйразмӕ Симферополы ӕхсӕнадӕмон аэропорты пресс-службӕ фехъусын кодта, уӕлдӕфон бастдзинад дыууӕ регионы хсӕн кӕй уыдзӕн сезонон — июлӕй августмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0