Лагерь "Хуры тын": сывӕллӕтты улӕфт Цхинвалы у ӕдас

© Пресс-служба МВД РЮО Лагерь "Хуры тын": сывӕллӕтты улӕфт Цхинвалы у ӕдас
Лагерь Хуры тын: сывӕллӕтты улӕфт Цхинвалы у ӕдас - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Лагеры ӕдасдзинад ӕххӕст кӕны хъахъхъӕнынадон куыстуат "Ирбис", афтӕ ма Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) алыгъуызон хайадты кусджытӕ

ЦХИНВАЛ, 27 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ ӕрвылбон дӕр хъахъхъӕнынц сывӕллӕтты ӕнӕниздзинад хуыздӕргӕнӕн лагерь "Хуры тын", кӕцы бакодтой сӕрды райдайӕны Цхинвалы скъола-интернаты базӕйыл, хъусын кӕны барадхъахъхъӕнӕг уагдоны пресс-службӕ.

МХМ банысан кодтой, зӕгъгӕ, лагеры ӕдасдзинадмӕ сӕ хъус дарынц хъахъхъӕнынадон куыстуат "Ирбис"-ы кусджытӕ, ӕнахъомты фӕдыл инспектортӕ уадзынц сывӕллӕттимӕ профилактикон баныхас, дзурынц сын, куыд хъуамӕ дарой сӕхи уӕлвӕткон уавӕрты.

"Мах ӕмбарын кӕнӕм сывӕллӕттӕн ӕдасдзинады хуымӕтӕг фӕтктӕ. Зӕгъӕм, нӕй гӕнӕн хизын лагеры территорийӕ ӕнӕ хистӕртӕй, ӕххӕст кӕнын фӕндагон змӕлды фӕтк", — радӕтта МХМ пресс-службӕ инспектор Фӕрниаты Мӕдинӕйы ныхӕстӕ.

Лагеры кусджытӕ банысан кодтой, барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ сын тынг кӕй ӕххуысс кӕнынц улӕфты организацийы.

"Мах кӕнӕм сывӕллӕтты Ногдзауты паркмӕ. МХМ сӕрмагонд нысаниуӕджы къорд, Уӕлвӕткон Уавӕрты министрады (УУМ) бӕстыхӕйттӕм, ӕмӕ инспектортӕ вӕййынц немӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах иууылдӕр зонӕм фӕндагон змӕлды фӕтк, фӕлӕ нӕ уӕддӕр хъӕуы се 'ххуысс", — банысан кодта лагеры раздзог Хъотайты Сӕрмӕт.

Ног хабӕртты лентӕ
0