"Растдон" райдайдзӕн Хуссар Ирӕй Уӕрӕсемӕ 10 хуыз колбасы экспорт

© Sputnik / Наталья АйриянЗавод "Растдон"
Завод Растдон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Куыстуат "Югоссельхознадзор" сӕрдар радзырдта президентӕн Уӕрӕсейы территоримӕ заводы продукцийы экспорты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 27 июн — Sputnik. Завод "Растдон" ӕввахс бонты райсдзӕн сертификат, цӕмӕй ласа сӕ продукцийы 10 хуызы Хуссар Ирыстонӕй Уӕрӕсемӕ, фехъусын кодта паддзахадон ветеринарон ӕмӕ фитосанитарон цӕстдарды службӕйы сӕргълӕууӕг Мӕргъиты Алан президент Бибылты Анатолиимӕ фембӕлды рӕстӕджы, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Растдон - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Растдон" бакæндзæн дыккаг сæрмагонд дукани Цхинвалы

Мӕргъиты Алан банысан кодта, уагдоны сырӕзтӕй фӕстӕмӕ президент кӕй ӕрӕвӕрдта хӕслӕвӕрд, цӕмӕй аскъуыддзаг кӕной Уӕрӕсемӕ "Растдон"-ы продукци ласыны фарст, "ӕмӕ ӕрӕджы ацы проблемӕ мах аскъуыддзаг кодтам президент ӕмӕ нӕ уӕрӕсейаг коллегӕты ӕххуысӕй".

"Ныртӕккӕ куыстуаты продукци сгарынц Кӕсӕг-Балхъары. Ацы бонты мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм фӕстиуджытӕм, цӕмӕй нын сертификат радтой, кӕцымӕ гӕсгӕ куыстуат аласдзӕн йӕ продукцийы 10 хуызы Уӕрӕсейы территоримӕ", — фехъусын кодта Мӕргъиты Алан.

Фыдызгъӕлы комбинат "Растдон" марка "Нӕртоны" дӕлбар райдыдта уадзынц йӕ продукци 2017 азы июлы. Октябры райдайӕнӕй куыстуат аразы бон 500 килограмм колбасӕй фылдӕр. Продукци ис республикӕйы алы стыр дуканийы дӕр. Кондады кусы 40 адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0