Нӕмгуытӕ ӕмӕ гранатӕтӕ: Хуссар Иры сӕнӕзианхъом кодтой ног рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ

© Сайт центра "Лидер" МЧС России Хуссар Иры сӕнӕзианхъом кодтой ног рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ
Хуссар Иры сӕнӕзианхъом кодтой ног рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ сӕнӕзианхъом кӕныны фӕдыл куыстытӕ уадзынц Ирыхъӕуы цур

ЦХИНВАЛ, 27 июн — Sputnik. Уӕрӕсейы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) центр "Лидер"-ы сапертӕ ссардтой Ирыхъӕуы цур (Хуссар Ирыстоны Цхинвалы район) сармадзаны нӕмгуытӕ ӕмӕ гранатӕтӕ, хъусын кӕны центры пресс-службӕ.

"Лидер"-ы пиротехникты къорд даддӕр агуры ӕмӕ ӕнӕзианхъом кӕны рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ Хуссар Ирыстоны. Ацы куыст центры специалисттӕ райдыдтой апрелы.

Центры дыууӕ къорды ссыгъдӕг кодтой 6,5 гектары Ирыхъӕуы цур ӕмӕ ссардтой аст рӕмудзӕн ӕрмӕджы: сармадзаны ӕртӕ нӕмыг ӕмӕ цалдӕр гранатӕйы.

Уыцы районы ма пиротехниктӕ ауагътой бынаты механикон ссыгъдӕг радиоскъӕрӕн роботты ӕххуысӕй.

Иумӕйагӕй, апрелӕй фӕстӕмӕ центры специалисттӕ ссардтой ӕмӕ сӕнӕзианхъом кодтой Хуссар Ирыстоны 288 рӕмудзӕн ӕрмӕджы.

Ацы аз Уӕрӕсейы УУМ уадзы ныридӕгӕн Хуссар Ирыстоны территорийы ӕнӕзианхъом кӕныны ӕртыккаг этап. Къорд, кӕцыйы сконды сты "Лидер"-ы 30 специалисты, ӕрцыд республикӕмӕ 80 бонмӕ. Амӕйразмӕ, 2017 азы, центр "Лидер"-ы къорд ссыгъдӕг кодта 30,6 гектары, сӕнӕзианхъом ӕмӕ спырх кодта 105 рӕмудзӕн ӕрмӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0