Хъусдард сабитӕм: Хуссар Иры милицийы кусджытӕ ӕрныхас кодтой трактористтимӕ

© Пресс-служба МВД РЮОБарадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ сидынц трактористтӕм, цӕмӕй фӕндагон змӕлды фӕтк ма халой
Барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ сидынц трактористтӕм, цӕмӕй фӕндагон змӕлды фӕтк ма халой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ сидынц трактористтӕм, цӕмӕй фӕндагон змӕлды фӕтк ма халой ӕмӕ уой арӕхсджын, сӕ цуры сывӕллӕттӕ куы уой

ЦХИНВАЛ, 28 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ уадзынц профилактикон куыст трактористтӕ ӕмӕ сӕрмагонд техникӕйы шофыртимӕ, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.

Уагдоны банысан кодтой, республикӕйы ныридӕгӕн кӕй уыд цаутӕ, трактористтӕ-иу фӕндагон змӕлды фӕтк куы не 'ххӕст кодтой ӕмӕ-иу уый ссис трагедиты аххосаг.

"Мах фӕдзӕхсӕм алкӕцы трактористы дӕр, цӕмӕй ма халой фӕндагон змӕлды фӕтк, аразой сӕрхизӕн мадзӕлттӕ, сӕйраджыдӕр, сӕ цуры сывӕллӕттӕ куы уой, уӕд, афтӕ ма ӕххӕст кӕной сӕрмагонд техникӕйы эксплуатацийы амынд дӕр", — радӕтта пресс-службӕ Паддзахадон автоинспекцийы батальоны командир Коцты Алимы ныхӕстӕ.

МХМ банысан кодтой, фӕндӕгтыл арӕх кӕй вӕййынц трактортӕ ӕмӕ алыгъуызон техникӕ, хъӕууон хӕдзарадон куыстыты рӕстӕджы сӕ нымӕц фӕфылдӕр вӕййы.

© Пресс-служба МВД РЮОБарадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ сидынц трактористтӕм, цӕмӕй фӕндагон змӕлды фӕтк ма халой
Сотрудники УГИБДД проводят профилактическую работу с трактористами и с водителями спецтехники - Sputnik Хуссар Ирыстон
Барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ сидынц трактористтӕм, цӕмӕй фӕндагон змӕлды фӕтк ма халой

"Фӕндагон змӕлды фӕтк алкӕмӕн дӕр у иу, ӕмӕ трактористтӕн дӕр ис хӕдтулгӕты шофырты хуызӕн бӕрн. Нозтджынӕй сӕ куы бауромӕм, уӕддӕр сӕ ныхмӕ араздзыстӕм хӕдтулгӕйы шофырты хуызӕн мадзӕлттӕ", — загъта Коцты Алим.

Ацы аз майы Цхинвалы районы аварийы фӕстиуӕгӕн амард 12-аздзыд сывӕллон. Трактор, кӕцыйыл скъӕрдта 51-аздзыд шофыр, сфӕлдӕхт. Экспертизӕ сбӕрӕг кодта, тракторист кӕй уыд нозтджын.

Ног хабӕртты лентӕ
0