ЦХИНВАЛ, 28 июн — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы республикон стадион "Спартак"-ы реконструкци фӕуыдзӕн 2021 азы кӕрӕтты, хъусын кӕны ГТРК "Алания". Спортивон объекты фӕзуат уыдзӕн 11 гектарӕй фылдӕр.
Стадионы конструкци, кӕцы сарӕзтой 1962 азы, ис аварион уавӕры.
Реконструкцийы иууыл ахсджиагдӕр куыстытӕ сты — футболон фӕзы ӕмбӕрзт раивын, фӕзы цур территорийы хӕрзарӕзтад, техникон конструкци сфидар кӕнын, трибунӕтӕ ногӕй рацаразын, рухсы системӕ сцалцӕг кӕнын, мидӕггаг агъуыст саразын.
Стадионы реконструкцийы концепци развӕлгъау бахыгъд ӕмӕ эскизтимӕ сараздзысты ӕввахс рӕстӕджыты, фӕлӕ проектон-сметӕйон документацийыл куыст адарддӕр уыдзӕн иу азмӕ.
Стадионы реконструкцийы проект ӕнӕмӕнг хыгъдмӕ райсдзӕн архитекторты, спортивон специалистты, ӕхсӕнадон организациты минӕвӕртты ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы цӕрджыты фӕндон.