"Лидер"-ы сапертӕ фесты ӕнӕзианхъомгӕнӕн куыстытӕ Хуссар Иры

© Пресс-служба президента РЮОЦентр "Лидер"
Центр Лидер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Специалисттӕ радзырдтой, рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ кӕй ссардтой Уӕрӕсейы УУМ центр "Лидер"-ы 80-бонон командировкӕйы рӕстӕджы

ЦХИНВАЛ, 29 июн — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Майрӕмбоны, ӕнтӕф сӕрдыгон боны, Цхинвалы районы Ногкуырттаты хъӕууон администрацийы цур сапертӕ уагътой минӕтӕ ӕнӕзианхъом кӕныны куыстытӕ ӕнӕпилотон тӕхгӕ аппарат ӕмӕ роботты ӕххуысӕй.

© Пресс-служба президента РЮОЦентр "Лидер"
Центр Лидер МЧС России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Центр "Лидер"

Равдыстон срӕмыгъды хайад иста Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий. Уый загъта бузныг "Лидер"-ы сапертӕн сӕ хъӕбатыр куысты тыххӕй ӕмӕ сӕ схорзӕхджын кодта цытджын грамотатӕй.

"Республикӕйы адӕм ӕмӕ мӕхи номӕй уын дзурын бузныг уӕ бӕрнон куысты тыххӕй", — загъта президент.

Центр "Лидер" ӕмӕ Хуссар Ирыстоны УУМ-ы ӕмгуыстады фӕстиуӕгӕн дыууӕ фарс ӕрфыстой протокол сӕ дарддӕры иумӕйаг куысты фӕдыл. Документмӕ гӕсгӕ, сапертӕ радон хатт ӕрцӕудзысты республикӕмӕ иннӕ аз, цӕмӕй сӕнӕзианхъом кӕной ног территоритӕ.

Сапертӕ сӕнӕзианхъом кодтой танчы ныхмӕ минӕтӕ Хуссар Иры: видео - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сапертӕ сӕнӕзианхъом кодтой танчы ныхмӕ минӕтӕ Хуссар Иры: видео

Ӕртӕмӕйон куысты фӕстиуджытӕ сты егъау: сӕнӕзианхъом кодтой 32 гектары дыууӕ зонӕйы — Чъех ӕмӕ Присы хъӕуты — ӕмӕ ссардтой сармадзаны 306 нӕмыджы. Уый тыххӕй радзырдта центр "Лидер"-ы къорды командир Валентин Белоусов.

Хуссар Ирыстоны УУМ-ы сӕргълӕууӕг Тадтаты Алан банысан кодта ауагъдгонд операциты егъау эффект ӕмӕ ныфс бавӕрдта, зӕгъгӕ, Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны уӕлвӕткон уагдӕттӕ дарддӕр дӕр ӕмгуыстад кӕндзысты.

"Алы этап дӕр уыд цардӕн тӕссаг, фӕлӕ саперты куысты фӕрцы ссыгъдӕггонд зӕххытӕ ныр бӕззынц цӕрынӕн", — бахахх кодта министр.

Равдыстон срӕмыгъды фӕстӕ Цхинвалы районы администрацийы сӕргълӕууӕг Бибылты Валерий центр "Лидер"-ы къорды командир Валентин Белоусовимӕ ӕрфыстой акт ссыгъдӕггонд территорийы райст-лӕвӕрды фӕдыл.

© Пресс-служба президента РЮОЦентр "Лидер"
Президент Анатолий Бибилов поблагодарил саперов центра Лидер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Центр "Лидер"

Центр къорд, кӕцыйы сконды ис 30 адӕймаджы, ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ 80 бонмӕ. Ӕнӕзианхъомгӕнӕн куыстытӕ цыдысты дыууӕ этапӕй: фыццаджыдӕр, сапертӕ ссыгъдӕг кодтой бӕрзӕнд "Паук"-ы цур территори, стӕй та ахызтысты Ногкуыртатты хъӕууон администрацимӕ, афтӕ ма агуырдтой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ Зары фӕндагыл дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0