Сатæджы гуырæн: "Ногмæскуыйаг" сабитæ райстой лæвар бассейн

© Sputnik / Наталья АйриянБассейн Мæскуыйаг микрорайоны
Бассейн Мæскуыйаг микрорайоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Ногмæскуыйаг" микрорайоны сабитæн сæ бæллиц сæххæст, хæрзгæнæджы фæрцы столицæйы фæзынд гом арвы бын фыццаг найæн бассейн

ЦХИНВАЛ, 3 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы микрорайон "Ногмæскуыйаг"-ы бирæуæладзыгон хæдзæртты сабитæн хæрзгæнæджы фæрцы æвæрд æрцыд ленкгæнæн бассейн. Ногмæскуыйаг микрорайоны сабитæ, сæ нымæц хизы сæдæйæ, ныр денджызы былмæ улæфынмæ ацæуынмæ нал тырнынц, уыдонæн сæ бæллиц æрбалæууыд сæ къæсырыл.

© Sputnik / Наталья АйриянБассейн Мæскуыйаг микрорайоны
Бассейн в микрорайоне Московский - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бассейн Мæскуыйаг микрорайоны

Ӕнтæф рæстæджы сатæджы гуырæны тъыбар–тъыбур кæнынц сабитæ. Найыны рæстæг дих у æрдмæ гæсгæ — доны нырма сæхи ирхæфсынц лæппутæ, стæй та сæ фæивынц чызджытæ. Гом арвы бын иунæг бассейны амондджын хицæуттæм æрбафсад кæнынц сыхаг коттеджты фæсивæд дæр. 50 кв метры дæргъæн хуыдымыл нырма сывæллæттæ фидауынц.

© Sputnik / Наталья АйриянБассейн Мæскуыйаг микрорайоны
Бассейн в микрорайоне Московский - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бассейн Мæскуыйаг микрорайоны

Ивгъуыд аз ацы бынаты уыд гыццыл бассейн, цы ран сæхи надтой æрмæстдæр чысыл сабитæ, ныр та амонд бахудт хистæртæм дæр.

"Мæнæн мæхицæн уыййас сывæллæттæ дæр нæй, фæлæ сæ цинæй мæхи зæрдæ дæр райы. Рудзынгæй сæм мæ хъус фæдарын. Парламенты спикер, нæ сыхаг Гасситы Петрмæ бахатыдысты æмæ сын сæвæрдта ацы бассейн, фæкæсы сæм йæ сыгъдæг кæнынмæ дæр. Фæсивæд сæхæдæг сарæзтой радтæ, куы дзы чызджытæ найынц, куы та лæппутæ", — загъта районы цæрæг Джиоты Азæ.

Фæлæ Гасситы Петр йæхæдæг куыд банысан кодта, афтæмæй микрорайоны сабитæн бассейн самал кодта бынæттон амалиуæггæнæг.

"Ногмæскуыйаг"-ы цæрджытæ бахатыдысты парти "Иугонд Ирыстон"-мæ, цæмæй сын самал кæной сабитæн бассейн. Ам цæры сæдæйы бæрц сывæллоны. Уый тыххæй базыдта бизнесмен æмæ меценат Кокойты Анатолий (Бито) æмæ балæвар кодта районы сывæллæттæн бассейн, стыр бузынг ын уый тыххæй", — ныффыста йæ фарсыл Facebook-ы Гасситы Петр.

© Sputnik / Наталья АйриянБассейн Мæскуыйаг микрорайоны
Бассейн в микрорайоне Московский - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бассейн Мæскуыйаг микрорайоны

Сабитæн сæ цинæн кæрон дæр нал ис, иуæй бон-изæрмæ сæхи фæнайынц, аннæмæй та исынц рæсугъд хурсыгъд.

"Ныр мæ дæнджызмæ дæр нал фæнды, мæ хæдзары къæсæрыл февзæрд мæ "денджыз" дæр", — загъта ленкгæнджытæй иу Хуыгаты Тимур.

Мæскуыйаг микрорайонмæ бацæуæны "Ногмæскуыйаг"-ы фараст бирæуæладзыгон хæдзæртты раз уынг уыд сыгъдæг быдыр, ныр æй баххæст кодтой бассейнæй, фыццаг бæллицы фæстæ сывæллæтты ныфс бацыд æмæ ныр та тырнынц спортивон фæзуатмæ.

© Sputnik / Наталья АйриянБассейн Мæскуыйаг микрорайоны
Бассейн в микрорайоне Московский - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бассейн Мæскуыйаг микрорайоны

"Бирæуæладзыгон хæдзæртты хсæн нырма ис бирæ бынат æмæ нын дзы футболон фæзуат дæр куы фæзынид, уæд уаид иттæг хорз", — радзырдта районы цæрæг Мулдарты Владислав.

Бассейны сыгъдæгдзинадмæ сæ хъус дарынц сæхæдæг цæрджытæ, цыппар бонæй цыппар бонмæ ивд цæуы йæ дон. Ӕрвылрайсом та йын хызæгæй расыгъдæг кæнынц йæ бырон.

Ног хабӕртты лентӕ
0