Хуссар Иры автоинспекцийы кусджытӕ банысан кодтой сӕ бӕрӕгбон

© Пресс-служба МВД РЮОХуссар Иры автоинспекцийы кусджытӕ банысан кодтой сӕ бӕрӕгбон
Хуссар Иры автоинспекцийы кусджытӕ банысан кодтой сӕ бӕрӕгбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы уагъд ӕрцыд Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) Паддзахадон автоинспекцийы кусджыты бӕрӕгбонон ралӕуд инпекцийы арӕзтадыл 82 азы сӕххӕсты цытӕн

ЦХИНВАЛ, 3 июл — Sputnik. Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ банысан кодтой сӕ профессионалон бӕрӕгбон, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны МХМ пресс-службӕ.

Бӕрӕгбонон ралӕуды рӕстӕджы Паддзахадон автоинспекцийы хистӕр, милицийы инӕлар-майор Джиоты Алан банысан кодта, республикӕйы фӕндӕгтыл транспорты нымӕц кӕй фӕфылдӕр, уый тыххӕй тынг ахсджиаг у инспекторты куыст.

"Уӕ куыст у бӕрнон ӕмӕ зын, кӕддӕрты та тӕссаг дӕр, ӕмӕ уын уый фӕдыл мӕ цӕст уарзы амонд ӕмӕ фидар ӕнӕниздзинад. Стыр бузныг уын уӕ куысты тыххӕй, кӕцы арӕзт цӕуы адӕмы хӕрзӕбонӕн ӕмӕ ӕдасдзинадӕн", — загъта уый.

МХМ номӕй автоинспектортӕн раарфӕ кодта министры хӕдивӕг, милицийы булкъон Джабиты Ӕхсар, кӕцы банысан кодта, зӕгъгӕ, Паддзахадон автоинспекцийы кусджыты куыстӕн хъӕуы аргъ кӕнын.

"Алы бон дӕр сымах адӕмы хизут аваритӕй ӕмӕ ӕххӕст кӕнут автотранспорты стабилон куыст. Нӕ республикӕ у тынг спецификон регион фӕндагон ӕдасдзинад ӕххӕст кӕнынынӕн. Ахӕм уавӕрты фӕндагон милицийы кусджыты хъӕуы егъау профессионализм, иузӕрдыгдзинад сӕ куыстмӕ ӕмӕ стыр хъару", — банысан кодта уый.

Сӕ сгуыхтдзинӕдты тыххӕй корд инспекторӕн радтой цытджын хорзӕхтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0