Нагутнийы "Ныфс" хоны фæхуыздæргонд улæфæндонмæ

© Sputnik / Наталья АйриянНагутни
Нагутни - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Донхосгæнæн уæлæфæндон ацы сезонмæ зынгæ фæхуыздæр кодта йæ уавæртæ, æргътæ та баззадысты раздæры æмвæзадыл

ЦХИНВАЛ, 4 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Нагутнийы хъæумæ хæстæг иунæг хосгæнæн санаторий "Ныфс" хоны улæфджыты фæхуыздæргонд уавæртæм. Улæфæн сезонмæ коттеджтæ 'рцыдысты цалцæг, фæндаг дæр фенцонвадат ис, фехъусын кодта Sputnik РХИ Профцӕдисты советы сӕрдар Джергаты Жанна.

Санаторий Ныфс: Куыд улæфынц æмæ цæмæй хос кæнынц 2 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Санаторий "Ныфс": Куыд улæфынц æмæ цæмæй хос кæнынц

Хосгæнæндон райста улæфджыты фыццаг къорды къуырисæры, 2 июлы.

"2 июлы арвыстам улæфджыты фыццаг егъау къорд. Адæм тырнынц Нагутнимæ улæфынмæ, уæлдайдæр та ацы аз, уымæн æмæ уым фæхуыздæр сты уавæртæ – администраци коттеджтæ сцалцæг кодта, раивтой сæ мигæнæн, улæфæндонмæ фæхуыздæр ис фæндагон бастдзинад, куыст цæуы президенты хæслæвæрдыл – рухс бауадзыныл", — радзырдта Джергаты Жанна.

Уый ма радзырдта, хосгæнæндон "Ныфс"-ы цæрджыты кæцыдæр категоритæ кæй баулæфдзысты уæлбар аргъыл.

"Паддзахады сæргълæууæджы финансон æххуысы фæрцы Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады уылты балцæгтæ чи исы, уыдонæн сæ улæфт у æрдæг аргъыл. Уыдон нымæцы сты СФХ æмæ 1992-2008 æзты Хуссар Ирыстоны Фыдыбæстæйон хæсты сахъатджынтæ", — загъта уый.

10 боны баулæфыны балцæг лæууы 10 мин сомы, уырдæм хауынц ваннæтæ, хæлцад æмæ цæрыны хæрдзтæ. Бирæтæ ам аппарынц, раздæр цы лæдзгуыты æнцой цыдысты, уыдон.

Нагутнийы «Ныфс» - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нагутнийы «Ныфс»

Ам цæрæн бæстыхæйттæй дарддæр ис хæрæндон, ваннæтæисæн хатæн, сæрдыгон мæнгагъуыст, улæфæндæттæ — уыдонæй иу тæккæ цæугæдоны сæр, медпункт, фонтан, хиирхӕфсӕн хатӕнтӕ алыгъуызон музыкалон инструменттимӕ, шашкӕтæ, шахмӕттæ, бильярд æмæ æндæртæ.

Санаторий æвæрд у Знауыры районы Нагутнийы хъæумæ хæстæг. Ам ис хосгӕнӕн дӕттӕ ӕмӕ цъыфтӕ, фылдӕр бӕрцӕй йӕм фӕцӕуын, стӕгнизтӕ цы адӕмы тыхсын кӕнынц, уыдон. Улӕфӕндонӕн æмрæстæджы йӕ бон райсын у 40 улæфæджы. Санатори æвæрд у цæрæн пункттæй дзæвгар дæртдзæф, уымæ гæсгæ канд хоскæнынæн хорз бынат нæу, фæлæ ма иттæг хорз у горæты тыхзмæлдæй йæхи кæй фæиппæрд кæнын фæнды, уыдонæн – "Ныфс"-ы территорийыл телефонон бастдзинад дæр нæй.

Хосгæнæндоны диссаджы æууæлты кой айхъуыст 1972 азæй фæстæмæ ӕмӕ ардæм адæм цæуын райдыдтой ваннæтæ исынмæ, фæлæ дзы арæзтæдтæ нæма уыд. 2002-2003 æзты санаторий "Ныфс" сарæзта Знауыры цæрæг амалиуæггæнæг Челæхсаты Владимир, хосгæнæндон скуыста куыд æцæг пансионат афтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0