ЦХИНВАЛ, 4 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий Уӕрӕсейы Ӕдасдзинады Советы секретары хӕдивӕг Рашид Нургалиевимӕ иумӕ сӕххӕст кодтой инспекцион балц республикӕйы районтӕм, хъусын кӕны паддзахады пресс-службӕ.
Фыццаг уыдон бабӕрӕг кодтой Цхинвалы район, цы ран, Хуссар Ирыстоны территорийы уылты транзит куы бакӕной, уӕд сараздзысты фӕндаг уӕзласӕн транспортӕн.
Уый фӕстӕ кортеж ацыд Зонкъары донвӕрӕнмӕ, цы ран бабӕрӕг кодтой ауӕзт. Бибылты Анатолий ӕмӕ Рашид Нургалиев ӕрдзырдтой донвӕрӕны ӕдасдзинадыл.
Сӕ кӕройнаг пункт уыд республикӕйы Ленингоры район. Президент ӕмӕ Ӕдасдзинады Советы секретары хӕдивӕг федтой объекттӕ, кӕцытӕ сарӕзтой инвестицион программӕйы фӕлгӕтты, сӕйраджыдӕр, сывӕллӕтты хӕдзар Ленингоры поселочы ӕмӕ скъола, кӕцы байдаудзӕн кусын ног ахуыры азы райдайӕнмӕ.
Балц фӕцис рабадтӕй, цы ран ӕрдзырдтой Хуссар Ирыстоны арӕнгӕрон территориты ӕдасдзинады фарстыты фӕдыл.