Уӕрӕсейы МХМ ахуыргӕнӕндӕтты курсанттӕ цӕуынц практикӕ Хуссар Иры

© МВД РЮОНа родину с теорией: Курсанты высших учебных заведений МВД России, проходят практику в Министерстве внутренних дел Южной Осетии
На родину с теорией: Курсанты высших учебных заведений МВД России, проходят практику в Министерстве внутренних дел Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуыргӕнинӕгтӕ ахуыр кӕнынц сӕ сомбоны профессийы бындур, сӕ зондамонджытӕм кӕсгӕйӕ, кӕцытӕ сты республикӕйы барадхъахъхъӕнӕг оргӕнты кусджытӕ

ЦХИНВАЛ, 5 июл — Sputnik. Уӕрӕсейы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты студенттӕн ис фадат сӕ теоретикон зонындзинӕдтӕй спайда кӕнын практикӕйы рӕстӕджы республикӕйы МХМ фӕдагуырды хайады ӕмӕ экспертон-криминалистон центры, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ. Практикӕ цӕуынц Уӕрӕсейы МХМ Волгограды Академи, Орелы юридикон институт, Воронежы институт ӕмӕ Краснодары университеты цыппӕрӕм ӕмӕ фӕндзӕм курсты 32 курсант.

РХИ Хъахъхъæнынады министрад басгæрста УФ уæлдæр ахуыргæнæндты курсантты цæттæдзинад

Курсанттӕн ис фӕлтӕрд зондамонджытӕ, кӕцытӕ сын амонынц профессийы лыстӕгдзинӕдтӕ.

"Ӕз ахуыр кӕнын Уӕрӕсейы МХМ Орелы юридикон институты дыууӕ курсанты. Уыдон цӕуынц кондадон практикӕ. Чызджытӕ ӕвдисынц стыр инициативӕ, бӕрнон ахст дарынц практикӕмӕ ӕмӕ службӕйон фӕдзӕхсттӕм. Ацӕуынц-иу фӕдагурджытимӕ цауты бынӕттӕм", — загъта хистӕр фӕдагурӕг Хетӕгкаты Нина.

Студенттӕ дӕр загътой сӕ хъуыдытӕ сӕ фыццаг практикӕйы фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0