Авари ӕмӕ рейдтӕ: Хуссар Иры МХМ радзырдтой фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæПАИ ӕмкусӕг
ПАИ ӕмкусӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕндагон-транспортон цау (ФТЦ) ӕрцыд Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурӕйы агъуысты ныхмӕ

ЦХИНВАЛ, 9 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ивгъуыд къуыри рейдты рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 157 фехӕлды цауы, хъусын кӕны барадхъахъанӕг оргӕны пресс-службӕ.

Авари Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
МХМ-ы фехъусын кодтой Цхинвалы аварийы аххосæгты тыххæй

МХМ банысан кодтой, зӕгъгӕ, 11 хатты шофыртӕ скъӕрдтой хӕдтулгӕ нозтджынӕй.

Афтӕ ма уагдоны фехъусын кодтой Цхинвалы аварийы лыстӕгдзинӕдты тыххӕй дӕр, кӕцы ӕрцыд ивгъуыд къуырийы. ФТЦ ӕрцыд ӕхсӕвы Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурӕйы агъуысты ныхмӕ.

"Хӕдтулгӕ ВАЗ-211440, кӕцыйыл скъӕрдта Цхинвалы 25-аздзыд цӕрӕг, сӕмбӕлд йӕ ныхмӕ цӕуӕг БМВ маркӕ хӕдтулгӕйыл, уый та скъӕрдта 28-аздзыд горӕттаг. Цӕфӕй ВАЗ ахауд фӕрсырдӕм ӕмӕ сӕмбӕлд ВАЗ-21310 хӕдтулгӕйыл, кӕцы уыд Цхинвалы 39-аздзыд цӕрӕджы", — радзырдтой МХМ.

Цауы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй. Медицинон басгӕрст сбӕрӕг кодта, дыууӕ шофыр дӕр кӕй уыдысты ӕрвонг.

Ног хабӕртты лентӕ
0