Скъоладзауты улæфынмæ райста Къуыдаргом

© Sputnik / Наталья АйриянСкъоладзауты лагерь
Скъоладзауты лагерь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сæрдыгон лагеры дыууæ къуырийы дæргъы баулæфдзысты 60 сывæллоны, скъоладзаутæн улæфты рæстæгмæ бацæттæгонд нывæзты ис къуыдаргомы лæгæттæм экскурситæ дæр

ЦХИНВАЛ, 11 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры фæсивæды иу къорды ахуырады министрад арвыста улæфынмæ Къуыдаргоммæ. Дыууæ къуырийы дæргъы 60 скъоладзауы архайдзысты алыгъуызон конкурсты æмæ хъæзтыты, экскурситы зонгæ кæндзысты комы фенддаг бынæттимæ, фехъусын кодта Sputnik министрады уæлæмхас ахуырад æмæ хъомылады хайады хистæр Джиоты Эльза.

Дзедо - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирондзинадмæ хæхтæм: фæсивæд афæндараст сты этнолагерь "Дзедо"-мæ

Улæфджыты номхыгъды сты сидзæр сывæллæттæ, æххуысхъуаг бинонты зæнæг, ахуыры хорз бæрæггæнæнтимæ скъоладзаутæ æмæ спортивон æнтыстытæ сæ къухты кæмæн бафтыдысты, ахæмтæ.

"Ахуырдзауты фыццаг къорд Къуаисамæ улæфынмæ ацыд 8 июлы. Лагерь арæзт æрцыд горæты астæуккаг скъолайы бындурыл. Улæфты рæстæгмæ сын бацæттæ кодтой хиирхæфсæн, цымыдисон нывæзт. Арæзт сын цæудзысты экскурситæ, се ʻхсæн Къуыдаргомы лæгæттæм дæр. Æртыццæджы, 11 июлы уыдзæн лагерæн официалон æрбаконд", — загъта Джиоты Эльза.

Уый ма банысан кодта, фыццаг къорды фæстæ кæй фæнд кæнынц лагерьмæ арвитын дыккаг къорды дæр.

Сæрдыгон лагеры Къуаисайы скъоладзаутæ улæфынц ныр дыккаг аз. Улæфджытæ сты 10-15 азы кары.

Ног хабӕртты лентӕ
0