Хуссар Иры ӕххӕстбарджын минӕвар Бразилийы: нӕ нын фаг кӕны иудзинад

© Sputnik / Наталья АйриянТыбылты Андрей
Тыбылты Андрей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кинойы режиссер ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕххӕстбарджын минӕвар Бразилийы Тыбылты Андрей радзырдта Sputnik йӕ цард ӕмӕ куысты тыххӕй Латинаг Америкӕйы

ЦХИНВАЛ, 12 июл — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Ирон бизнесмен, кинорежиссер, каскадер ӕмӕ актер цӕры бразилиаг горӕт Рио-де-Жанейройы 1989 азӕй фӕстӕмӕ. Йӕ карьерӕ стыр кинойы райдыдта студи "Мосфильм"-ы трюктӕ ӕвӕрӕгӕй. Фӕлӕ цалдӕр азы размӕ режиссеры карьерӕ тынг фӕивта: Тыбылты Андрейы снысан кодтой Хуссар Ирыстоны ӕххӕстбарджын минӕварӕй Бразилийы. Йӕ куысты графикы фӕзынд бӕрнон мисси — ирӕтты ӕгъдау ӕвдисын Латинаг Америкӕйы.

"Бразилийы нырма нӕй ирон ӕхсӕнад ӕмӕ бразилиӕгтӕ нырма цъус зонынц Ирыстоны тыххӕй. Фӕлӕ ме 'мбӕлттӕ фӕдзурынц, ома уыдонӕн фаг у иу ироны фенын, цӕмӕй ӕнӕхъӕн адӕмы базоной", — дзуры Тыбылты Андрей.

Тыбылты Андрей фыццаг хатт ӕрцыд Бразилимӕ 30 азы размӕ документалон киноныв сисыны тыххӕй. Уыцы рӕстӕджыты Бразили советон кӕсджытӕн уыд цъус зонгӕ. Иу аз ӕмӕ ӕрдӕг Тыбылты Андрейы къорд ахуыр кодта бразилиаг царды лыстӕгдзинӕдтӕ ӕмӕ егъау куысты фӕстӕ советон адӕм федтой киноныв "Когда Бразилия танцует и поет".

Встреча с представителем МИД Южной Осетии в Бразилии Андреем Тибиловым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий Цхинвалы минӕварӕн Бразилийы: куысты фронт у егъау

Киноныв рауагътой фыдыбӕстӕйы иууыл зындӕр периоды: 1990 ӕзты райдайӕн, раздӕры цард райдыдта хӕлын ӕмӕ йемӕ хӕлд экономикӕ дӕр. Йӕ фыдыбӕстӕйы куыст кӕй нӕ уыд ӕмӕ йын бирӕ ӕмбӕлттӕ кӕй уыд фӕсарӕнты, уый ӕркодта режиссеры ахӕм хъуыдымӕ — карьерӕ саразын ӕндӕр бӕстӕйы.

"Хъуыд сахуыр кӕнын ӕндӕр культурӕ. Бразилиӕгтӕ сты тынг эмоционалон ӕмӕ гом, махӕн та Советон Цӕдисы банкъардтой комплекстӕ", — загъта режиссер.

Бразилийы режиссер разамынад дӕтты туристон фирмӕйӕн, афтӕ ма ныридӕгӕн ӕхсӕз азы кусы Хуссар Ирыстоны ӕххӕстбарджын минӕварӕй. Ис ын егъау хӕслӕвӕрд, цӕмӕй сараза ӕмӕ раразмӕ кӕна Хуссар Ирыстоны фӕлгонц фӕсарӕнты.

"Бирӕ бразилиӕгтӕ фехъуыстой Хуссар Ирыстоны тыххӕй, фӕлӕ цъус адӕмӕн йӕ бон суыдзӕн нӕ республикӕ картӕйыл ссарын. Сӕ ахаст хӕстмӕ у нейтралон, никӕй фарс хӕцынц", — банысан кодта уый.

Бразилимӕ ацыд нӕ фӕкъаддӕр кодта Тыбылты Андрейы бастдзинад йӕ фыдыбӕстӕимӕ ӕмӕ ма, йӕхӕдӕг куыд дзуры, афтӕмӕй йӕ мадӕлон зӕхх ӕмӕ адӕмы ноджы фылдӕр бауарзта. Алыхатт дӕр ӕй фӕнды Ирыстонмӕ — цӕмӕй абада ирон традицон фынгыл, ацахода ирон уӕлибыхтӕй ӕмӕ баназа "Бӕгъиатӕ".

Ирӕтты сӕйраг проблемӕ режиссеры хъуыдымӕ гӕсгӕ у, иудзинад сӕ кӕй нӕй, уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0