"Ног фембӕлдмӕ": Sputnik фан-клуб Цхинвалы фӕцис йӕ куыст

© Sputnik / Наталья АйриянSputnik FanClub
Sputnik FanClub - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik фан-клубы фӕстаг фембӕлды футбол уарзджытӕ ӕрдзырдтой хуссарирыстойнаг командӕйы ӕхсӕнадӕмон футболы турниртӕм рахизын кӕныны фадатыл

ЦХИНВАЛ, 16 июл — Sputnik. Цхинвалы спортивон бар "Лига Чемпионов"-ы хуыцаубоны изӕры ацыд Sputnik фан-клубы фӕстаг фембӕлд. Финалон ӕмбырдмӕ ӕрхуыдтой фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты сӕргълӕууӕг Зассеты Сергей ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президенты уынаффӕгӕнӕг Кокойты Сосланы.

Традицимӕ гӕсгӕ, агентад Sputnik ауагъта конкурстӕ. Радон грамотӕ рамбылдта футболы активон эксперт — Руслан, кӕцы алкӕмӕй тагъддӕр ӕмӕ растдӕр сдзуапп кодта амонӕджы фарстытыл. Хуссарирыстойнаг футболы истори зоныны викторинӕйы рӕстӕджы ма сбӕрӕг сты цыппар уӕлахиздзауы.

© Sputnik / Наталья АйриянSputnik FanClub
Sputnik FanClub - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik FanClub

Фан-клубы фембӕлдты рӕстӕджы республикӕйы футболы проблемӕтыл ӕрдзырдтой бирӕ хатт. Зассеты Сергейы хъуыдымӕ гӕсгӕ, нӕ бӕстӕйы футболы раразмӕдзинад хъӕуы райдайын сывӕллӕты командӕтӕн ӕххуысӕй.

"Сывӕллӕтты футболӕн фылдӕр фадӕттӕ ис йӕхи равдисынӕн. Ӕвзонг хъазджытӕй ис гӕнӕн схъомыл кӕнын профессионалон футболистты, кӕцытӕ нӕ 'вдисдзысты ӕхсӕнадӕмон турнирты", — загъта Зассеты Сергей.

Афтӕ ма уый банысан кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстонӕн ис фадат, цӕмӕй райса футболы чемпионат Хӕдбар бӕстӕты футболы ассоциациты конфедерацийы — ConIFA фӕлгӕтты.

© Sputnik / Наталья АйриянSputnik FanClub
Sputnik FanClub - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik FanClub

"Иууыл ахсджиаг фарста у инфраструктурӕ: махмӕ ис дыууӕ фӕзы, фӕлӕ уыдон не сты ахӕм ӕмвӕзадыл, кӕцы ӕмбӕлы егъау чемпионаттӕн. Афтӕ ма нӕ хъӕуы уазӕгдон хъазджытӕн ӕмӕ футбол уарзджытӕн", — бахахх кодта Зассеты Сергей.

Фембӕлды кӕрон, агентад Sputnik Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Виталий Раднаев загъта бузныг спортивон бар "Лига Чемпионов"-ы къухдариуӕгадӕн фан-зонӕйы организацийы ӕххуысӕн.

"Ацы футболы мӕй нын ӕрхаста бирӕ позитивон ӕнкъарӕнтӕ. Иннӕ ахӕм цау уыдзӕн цалдӕр азы фӕстӕ — ӕмӕ мах ӕнӕмӕнг ногӕй ӕртымбыл уыдзыстӕм Sputnik фан-клубы фӕзуатыл", — загъта Раднаев.

Sputnik FanClub — сӕрмагонд зонӕ, кӕцы сарӕзта информацион агентад Sputnik Хуссар Ирыстон футбол уарзджыты ӕрбаиу кӕныны нысанӕн. Иумӕйагӕй фан-клуб ауагъта ӕхсӕз фембӕлд, кӕцыты рӕстӕджы фанаттӕн уыд фадат хайад исын футболы конкурсты.

© Sputnik / Наталья АйриянSputnik FanClub
Sputnik FanClub - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik FanClub

Традицимӕ гӕсгӕ, алкӕцы радон фембӕлды дӕр уыдысты зындгонд адӕм ӕмӕ хицауады минӕвӕрттӕ, уагдӕтты ӕмӕ компаниты къудариуӕгад. Фан-зонӕйы куысты рӕстӕджы дискусситы хайад истой Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Тотчиты Георгий, Аивадон гимнастикӕйы федерацийы президент Цхуырбаты Зема, Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Тасойты Леонид ӕмӕ РХИ президенты пресс-секретарь Гасситы Дина.

Фан-клубы фӕстаг ӕмбырды уыдысты "Остелеком"-ы сӕргълӕууӕг Роман Коврига, Сырх Дзуар миссийы сӕргълӕууӕг Ашот Астабацян, арӕзтады фӕдыл уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнӕг Михаил Герасимов, экономикӕйы фӕдыл уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнӕг Павел Ковальский, футболы тренер Голойты Георгий ӕмӕ Цхинвалы мэр Коцты Алан.

© Sputnik / Наталья АйриянSputnik FanClub
Sputnik FanClub - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/8
Sputnik FanClub
© Sputnik / Наталья АйриянSputnik FanClub
Sputnik FanClub - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/8
Sputnik FanClub
© Sputnik / Наталья АйриянSputnik FanClub
Sputnik FanClub - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/8
Sputnik FanClub
© Sputnik / Наталья АйриянSputnik FanClub
Sputnik FanClub - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/8
Sputnik FanClub
© Sputnik / Наталья АйриянSputnik FanClub
Sputnik FanClub - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/8
Sputnik FanClub
© Sputnik / Наталья АйриянSputnik FanClub
Sputnik FanClub - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/8
Sputnik FanClub
© Sputnik / Наталья АйриянSputnik FanClub
Sputnik FanClub - Sputnik Хуссар Ирыстон
7/8
Sputnik FanClub
© Sputnik / Наталья АйриянSputnik FanClub
Sputnik FanClub - Sputnik Хуссар Ирыстон
8/8
Sputnik FanClub
1/8
Sputnik FanClub
2/8
Sputnik FanClub
3/8
Sputnik FanClub
4/8
Sputnik FanClub
5/8
Sputnik FanClub
6/8
Sputnik FanClub
7/8
Sputnik FanClub
8/8
Sputnik FanClub
Ног хабӕртты лентӕ
0