Гасситы-Усик: WBSS равдыста промо-фильм финалон тохмӕ

Рафыссын
Боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы финалон тох ацӕудзӕн Мӕскуыйы спортивон комплекс "Олимпийский"-йы 21 июлы

ЦХИНВАЛ, 17 июл — Sputnik. Боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы (WBSS) организатортӕ ныммыхуыр кодтой турниры финалы официалон документалон киноныв.

Фыццаг Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы ӕхсӕн тох фӕнд кодтой ауадзын Саудон Аравийы горӕт Джиддайы. Фӕлӕ тох нӕ ауагътой, Усик травмӕ кӕй райста, уый тыххӕй.

WBSS-ы финалон хыл Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы хсӕн ацӕудзӕн Мӕскуыйы спортивон комплекс "Олимпийский"-йы 21 июлы. Уӕлахиздзау райсдзӕн WBSS сӕйраг приз — Мохаммед Алийы кубок ӕмӕ 10 милуан доллары.

Ног хабӕртты лентӕ
0